1 Саулы хӕдзар ӕмӕ Давиды хӕдзары ’хсӕн хӕст ныддӕргъвӕтин. Давид тыхджынӕй-тыхджындӕр кодта, Саулы хӕдзар та заууатмӕ цыди.
Мыггагмӕ кӕрӕдзийӕн знаг кӕнын дӕу ӕмӕ сылгоймаджы, дӕ байзӕддаг ӕмӕ йӕ байзӕддаджы. Уый дын цъӕл кӕндзӕни дӕ сӕр, ды та йын йӕ зӕвӕтыл хӕцдзынӕ».
Ӕвирхъау уыди уыцы боны тох, ӕмӕ Авнер ӕмӕ израилӕгтыл Давиды хӕстонтӕ фӕуӕлахиз сты.
Йоав сыкъауадындзӕй ныууасын кодта, ӕмӕ йӕ адӕм ӕрлӕууыдысты, сӕ хӕцын ныууагътой, израилӕгты фӕсте нал сырдтой.
Ды мӕ бахызтай дзыллӕйы змӕстытӕй, адӕмты сӕргъы мӕ сӕвӕрдтай ӕмӕ, зонгӕ дӕр кӕй нӕ кодтон, уыдон дӕр мын лӕггад кӕнынц ныр.
Цалынмӕ Саулы хӕдзар ӕмӕ Давиды хӕдзар кӕрӕдзиимӕ хӕцыдысты, уӕдмӕ Авнерӕн Саулы хӕдзарыл йӕ бар тынгӕй-тынгдӕр цыди.
Давиды хъомыс фылдӕрӕй-фылдӕр кодта — Дунедарӕг, Уӕларвӕфсады Бардарӕг, уыди йемӕ.
Цӕрӕнбонты Роховам хӕцыди Йоровамимӕ.
Аса цӕрӕнбонты хӕцыди Израилы паддзах Баасаимӕ.
Аса ӕмӕ Израилы паддзах Баасайы ’хсӕн ӕдзух цыди хӕстытӕ.
Давиды хъомыс кодта фылдӕрӕй-фылдӕр — Дунедарӕг, Уӕларвӕфсады Бардарӕг, уыди йемӕ.
Давидӕн Хевроны райгуырди фырттӕ: йӕ хистӕр зӕнӕг — Амнон, йӕ мад изреелаг Ахиноам, уый кӕстӕр — Даниил, йӕ мад кармелаг Авигеа,
Аман йӕ бинойнаг Зереш ӕмӕ йӕ хӕлӕрттӕн куы радзырдта йӕ хабӕрттӕ, уӕд ын уынаффӕ чи бакодта, уыдон дӕр ӕмӕ йӕ ус Зереш дӕр загътой: «Кӕд ӕмӕ, дӕлдӕр кӕнын цы Мардохейы аххосӕй райдыдтай, уый иудейаг у, уӕд ын дӕ бон ницы бауыдзӕн, тынг ныллӕг ӕрхаудзынӕ йӕ разы».
Уымӕн ӕмӕ бирӕ бартӕ уыди Мардохейӕн паддзахы хӕдзары. Йӕ кой паддзахады алы кӕрӕттӕм айхъуысти. Бонӕй-бон хъомысджындӕр кодта.
Раст лӕг йӕ фӕндагыл фидар хӕцы, йӕ къухтӕ сыгъдӕг кӕмӕн сты, уымӕн йӕ тыхыл фылдӕрӕй-фылдӕр ӕфтдзӕн.
Цы суыдзынӕ, уый раз дӕм, раздӕр цы уыдтӕ, уый ницыуал кӕсдзӕн.
Хуыцау у адӕмты паддзах, Хуыцау ӕрбадти Йӕ уаз паддзахы бадӕны!
Ау, нал нӕ раздахдзынӕ цардмӕ, цӕмӕй Дӕ адӕм цин кӕной, Ды семӕ кӕй дӕ, ууыл?
Уымӕн ӕмӕ буары ӕрдзыхъӕды цы фӕнды, уый Уды ныхмӕ у, Уды цы фӕнды, уый та — буары ӕрдзыхъӕды ныхмӕ. Уыдон кӕрӕдзийы ныхмӕ сты, ӕмӕ уӕ цы фӕнды, уый нӕ кӕнут.
Уымӕн ӕмӕ нӕ тох адӕймаджы ныхмӕ нӕу, фӕлӕ ӕнӕбуар хицӕуттӕ ӕмӕ барджынты ныхмӕ, ацы талынг дунейы ӕлдӕртты ныхмӕ, уӕлдӕфы чи ис, уыцы фыдӕххӕссӕг монты ныхмӕ.
Ӕз федтон урс бӕх; йӕ барӕгмӕ уыдис ӕрдын. Кады худ ын лӕвӕрд ӕрцыд ӕмӕ уӕлахиздзауӕй рацыд, куыд фӕуӕлахиз уа, афтӕ.