9 Йоав адӕмы сфысты хыгъд паддзахмӕ радта. Израилӕгтӕм кардӕй хӕцынхъом лӕгтӕ разынди астсӕдӕ мины, иудейӕгтӕм та — фондзсӕдӕ мины.
Афтӕмӕй ӕрзылдысты ӕппӕт бӕстӕйыл ӕмӕ фараст мӕйы ӕмӕ ссӕдз боны фӕстӕ ӕрбаздӕхтысты Йерусалиммӕ.
Иудӕйы байзӕддӕгтӕ, ссӕдзаздзыд ӕмӕ уымӕй хистӕр хӕстхъом нӕлгоймӕгтӕ се ’ппӕт дӕр, фӕстаг лӕджы онг, бинонты ӕмӕ хӕдзарвӕндӕгты номхыгъдты фыст ӕрцыдысты.