6 Уый фӕстӕ араст кодтой Галаадмӕ, стӕй та Тахтим-Ходшейы зӕхмӕ, бахӕццӕ сты Дан-Йаанмӕ. Уырдыгӕй баздӕхтысты Сидоны ’рдӕм,
Ханааны байзӕддӕгтӕ: йӕ хистӕр — Сидон, уый кӕстӕр — Хет,
афтӕмӕй сусӕгӕй алыгъд йе ’ппӕт исбонимӕ. Евфраты доны сӕрты ахызт ӕмӕ йӕ ных сарӕзта Галаады хӕхтӕм.
Рувим ӕмӕ Гады байзӕддӕгтӕм рӕгъӕуттӕ тынг бирӕ уыди. Йазер ӕмӕ Галаады бӕстӕтӕ куы федтой, уӕд сӕм стурвос хизынӕн хорз фӕкастысты.
Аморӕгтӕ Галаады цардысты. Бацыдысты уырдӕм Менассиайы фырт Махиры фырттӕ ӕмӕ йӕ сӕхи бакодтой, аморӕгты фӕтардтой.
Дунедарӕг сӕ израилӕгты къухтӕм радта, ӕмӕ сӕ ныддӕрӕн кодтой. Цӕгатӕрдыгӕй сӕ Сидоны стыр сахары онг, ныгуылӕнӕрдыгӕй Мисрефот-Маимы онг, скӕсӕнӕрдыгӕй та Мицпейы дӕлвӕзы онг цӕгъдгӕ фӕсырдтой, аирвӕзыны фадат дзы никӕмӕн радтой.
Ноджыдӕр Асиры зӕххытӕм хаудтой Еврон, Рехов, Хаммон ӕмӕ Кана. Арӕн хӕццӕ кодта Стыр Сидоны онг,
Даны хӕдзарвӕндаг фӕстӕдӕр, сӕ зӕхх куы фесӕфтой, уӕд ссыдысты Лешеммӕ, балӕбурдтой йӕм, бацахстой йӕ ӕмӕ йын йӕ адӕмы кардӕй ныццагътой. Ацы сахар сси сӕ фыдӕй-фыртмӕйы исбон, ӕрцардысты дзы ӕмӕ йӕ сӕ фыдӕл Даны кадӕн схуыдтой Дан.
Асиры байзӕддӕгтӕ Ако, Сидон, Ахлав, Ахзив, Хелба, Афик ӕмӕ Реховы цӕрджытыл нӕ фӕуӕлахиз сты.