Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




2 Паддзахӕдтӕ 24:1 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 Дунедарӕджы маст та ссыгъди израилӕгтӕм ӕмӕ сын Давиды сӕ ныхмӕ сардыдта. Загъта йын: «Цу ӕмӕ банымай Израил ӕмӕ Иудӕйы».

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




2 Паддзахӕдтӕ 24:1
23 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Фӕлӕ ма хъынцъым кӕнут, ардӕм мӕ кӕй ауӕй кодтат, уый фӕдыл ныр уӕхи ма хӕрут. Уымӕн ӕмӕ мӕн уӕ цурӕй ардӕм Хуыцау рарвыста сымахӕн уӕ цард бахъахъхъӕныны тыххӕй.


Фыдвӕнд уӕ зӕрды уыди, фӕлӕ уын ӕй Хуыцау хорзӕрдӕм фӕкодта, цӕмӕй ӕрцӕуа, абон цы уынӕм, уый: бирӕ адӕм фервӕзтысты мӕлӕтӕй.


Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг: „Ӕз дын афтӕ бакӕндзынӕн, ӕмӕ дӕм бӕллӕх дӕхи хӕдзарӕй ӕрбабырсдзӕн. Дӕ устыты дын дӕ цурӕй ракӕндзынӕн, искӕй фыццаг сӕ скӕндзынӕн, ӕмӕ уый бон-сихорафон семӕ ӕрӕмуат уыдзӕни.


Паддзах загъта: «Цы уӕ фӕнды, Церуайы фырттӕ! Уымӕн мӕ ӕлгъиты, ӕмӕ йын Дунедарӕг афтӕ загъта. Уӕд ын кӕй бон у, афтӕ цӕмӕн кӕныс, зӕгъгӕ, бауайдзӕф кӕнын?»


Уӕд Израилы паддзах Йорам рацыди Самарийы сахарӕй, ӕрзылди бӕстӕйыл ӕмӕ ӕрӕмбырд кодта хӕстхъом адӕмы иууылдӕр.


Сайтан Израилы ныхмӕ сыстад ӕмӕ Давиды сардыдта Израилы банымайыныл.


Толайы фырттӕ: Уззи, Рефайа, Йериел, Йахмай, Ивсам ӕмӕ Самуел, Толайы артӕй рацӕуӕг мыггӕгты хистӕртӕ, ӕхсарджын хӕстонтӕ. Давиды заман Толайы байзӕддӕгтӕ сӕ мыггӕгты номхыгъдмӕ гӕсгӕ баисты дыууын дыууӕ мин ӕхсӕзсӕдӕ.


Адон се ’ппӕт дӕр сты Асиры байзӕддӕгтӕ, мыггӕгты хистӕртӕ, ӕвзаргӕ лӕгтӕ, ӕхсарджын хӕстонтӕ, номдзыд ӕлдӕрттӕ. Асиры байзӕддӕгтӕй хӕстонты номхыгъды фыст ӕрцыд ӕхсӕз ӕмӕ ссӕдз мин лӕджы.


Фӕлӕ Езекиа уыцы хорзӕхӕн аккаг аргъ не скодта, уымӕн ӕмӕ йӕхиуыл ӕгӕр фервӕссыд. Ӕмӕ йын уый тыххӕй йӕхи дӕр, стӕй Иудей ӕмӕ Йерусалимы дӕр Дунедарӕджы азар баййӕфта.


Ӕз фараоны зӕрдӕ афтӕ ныддур кӕндзынӕн, ӕмӕ, Мысыры зӕххыл цасфӕнды диссӕгтӕ ӕмӕ ӕвдисӕйнӕгтӕ куы равдисон,


Пехуымпар сайды куы фӕуа, ӕмӕ йын цыма Ӕз, Дунедарӕг, афтӕ бацамыдтон, уыйау уыцы адӕймагӕн исты куы зӕгъа, уӕд пехуымпармӕ дӕр Мӕ къух сисдзынӕн, Мӕ адӕмы, Израилы ’хсӕнӕй йӕ фесафдзынӕн.


Уӕд сӕ Ӕз дӕр бауагътон ӕвзӕр — мӕлӕт сын чи хаста, уыцы уагӕвӕрдтӕ ӕххӕст кӕнын,


Моисей загъта Аарон ӕмӕ йӕ фырттӕн, Елеазар ӕмӕ Итамарӕн: «Уӕ сӕрыхъуынтӕ ма райхалут ӕмӕ уӕ дарӕстӕ фӕйнӕрдӕм ма арӕдувут, цӕмӕй ма амӕлат ӕмӕ Дунедарӕг ӕппӕт адӕммӕ дӕр ма смӕсты уа. Фӕлӕ уе ’рвадӕлтӕ, ӕппӕт Израил, кӕуӕнт, Дунедарӕг кӕй басыгъта, уыдоныл.


Дунедарӕг ын куыд бафӕдзӕхста, афтӕ сӕ банымадта Моисей Синайы ӕдзӕрӕг быдыры.


цӕмӕй сӕххӕст кӕной, Дӕ хъомыс ӕмӕ Дӕ фӕндонӕй рагагъоммӕ нысангонд цы уыди, уый.


Уый тыххӕй сӕ Хуыцау ныууагъта фӕлывды ӕвджид, мӕнг цы у, ууыл куыд баууӕндой.


Дунедарӕг сыл абырджыты сагъуыйын кодта, ӕмӕ сӕ стыгътой. Сӕ алыварс цӕрӕг знӕгты къухтӕм сӕ радта, ӕмӕ израилӕгтӕн сӕ ныхмӕ хӕцын сӕ бон нал уыди.


Дунедарӕг Израилмӕ тынг смӕсты ис ӕмӕ загъта: «Кӕд ацы адӕм, сӕ фыдӕлтимӕ сын цы фидыд сарӕзтон, уый халынц ӕмӕ Мӕм нӕ хъусынц,


Уӕдӕ мӕ бардарӕг ӕмӕ мӕ паддзах ӕрбайхъусӕд йӕ цагъармӕ. Кӕд дӕ мӕ ныхмӕ Дунедарӕг сардыдта, уӕд Ын ӕрхастӕуӕд зӕрдӕлхӕнӕн нывонд, кӕд — адӕм, уӕд уыдоны та Дунедарӕг ралгъитӕд! Ныр мӕ уыдон фӕсырдтой, цӕмӕй, Дунедарӕг Израилӕн цы бӕстӕ радта, уымӕй мын хай ма уа. Загътой мын: „Ацу ӕмӕ ӕндӕр хуыцӕуттӕм кув“.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ