3 Израилы Хуыцау загъта, Израилы Къӕдзӕх мын фехъусын кодта: „Рӕстӕй адӕмыл ӕлдариуӕг чи кӕна, Хуыцауӕй тӕрсгӕйӕ сын разамынд чи дӕтта,
Уым сарӕзта нывондхӕссӕн ӕмӕ йӕ схуыдта Ел-Елохе-Исраел.
Уымӕн ӕмӕ Дунедарӕджы йеддӕмӕ ӕндӕр Хуыцау кӕм ис? Ӕмӕ нӕ Хуыцауы йеддӕмӕ ныфсы къӕдзӕх чи у?
Давид паддзахиуӕг кодта ӕгас Израилы, адӕмӕн тӕрхон кодта ӕмӕ раст уынаффӕ хаста.
Арфӕгонд уӕд Дунедарӕг, дӕ Хуыцау, ӕхцон Кӕмӕн уыдтӕ ӕмӕ дӕ Израилы паддзахы къӕлӕтджыны Чи сбадын кодта! Дунедарӕг Израилы адӕмы мыггагмӕ кӕй уарзы, уый тыххӕй дӕ скодта сӕ паддзах, цӕмӕй сын хӕссай рӕстаг тӕрхон».
Иу хабар ма: иудейӕгты зӕххыл облӕсты хицау куы сдӕн, уӕдӕй фӕстӕмӕ, Артаксерксы паддзахиуӕгады ссӕдзӕм азӕй дыууадӕс ӕмӕ ссӕдзӕм азмӕ, дыууадӕс азы дӕргъы, облӕсты хицауӕн цы хойраг ӕмбӕлы, уый нӕ хордтам ӕз ӕмӕ мӕ хиуӕттӕ.
Рӕстдзинад йӕ цӕстысындз кӕмӕн у, уый хицауиуӕг куыд хъуамӕ кӕна? Раст ӕмӕ Хъомысджыны ды аххосджын куыд хъуамӕ кӕнай?
Стыр сты Дунедарӕджы хъуыддӕгтӕ, уарзон кӕмӕн сты, уыдонӕн — бӕллиццаг.
Асафы псалом. Куыд ауды Хуыцау Израилыл, куыд ауды сыгъдӕгзӕрдӕтыл!
Ӕз та, чысыл ма бахъӕуа, фӕцудон, фӕкӕлынмӕ мӕ бирӕ нал хъуыди:
Адӕмы ’хсӕнӕй равзар, Хуыцауы тас кӕмӕ ис, ӕууӕнкджын чи у ӕмӕ гӕртам чи нӕ райсдзӕн, ахӕм нымад лӕгтӕ ӕмӕ сӕ хицӕуттӕй сӕвӕр: кӕй — мин, кӕй — фондзыссӕдз, кӕй — дӕс ӕмӕ дыууиссӕдз, кӕй — дӕс лӕджы сӕргъы.
«Ӕз Дунедарӕг дӕн, дӕ Хуыцау, Мысыры зӕххӕй дӕ Чи ракодта, цагъары ӕфсондзы бынӕй, Уый.
Ноджыдӕр ма загъта Хуыцау Моисейӕн: «Зӕгъ-иу израилӕгтӕн, кӕй дӕ рарвыста Дунедарӕг, сӕ фыдӕлты Хуыцау — Авраамы Хуыцау, Исаакы Хуыцау ӕмӕ Йаковы Хуыцау. Гъе уый уын Мӕ ном мыггагмӕ — фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ Мӕм цӕмӕй уыцы номӕй куват.
Рӕстдзинады сӕрыл дзур, тох кӕн, мӕгуыр ӕмӕ гӕвзыкк чи у, уыдоны сӕраппонд.
Рӕхджы уын уыдзӕни рӕстаг Паддзах, ӕмӕ уӕд паддзӕхтӕ рӕстдзинадмӕ гӕсгӕ хицауиуӕг кӕндзысты.
Ралӕудзӕн ахӕм рӕстӕг, — зӕгъы Дунедарӕг, — ӕмӕ Ӕз бӕрзонд сӕвӕрдзынӕн Давиды байзӕддаджы, рӕстаг Ӕвзар. Йӕ бадӕны ӕрбаддзӕн паддзах, йӕ хъуыддӕгты архайдзӕн уӕлзондимӕ, раст тӕрхон кӕндзӕни зӕххыл.
Цин кӕн, Сионы чызг! Дӕ зӕрдӕ райӕд фыр цинӕй, Йерусалимы чызг! Мӕнӕ дӕм фӕцӕуы дӕ Паддзах! Уый у рӕстаг, сӕрныллӕг, ирвӕзындзинад дын ӕрхӕсдзӕн, фӕцӕуы къӕлӕуыл, хӕрӕджы лӕппыныл бадгӕйӕ.
Уый у Къӕдзӕх. Ӕнӕлаз у Йӕ алы хъуыддаг дӕр, Йӕ алы фӕндаг дӕр — рӕстаг. Иузӕрдион у Уый, ницы Йӕм ис сайдӕй, рӕстаг у ӕмӕ раст тӕрхон кӕны.
Фырты тыххӕй та: «Хуыцау, Дӕ паддзахы бадӕн у ӕнусон. Дӕ Паддзахады лӕдзӕг — рӕстдзинады лӕдзӕг.