2 Дунедарӕджы Уд дзуры мӕн уылты, мӕ былалгъыл — Йӕ дзырд.
Гъемӕ ныр ӕппӕт Израилы адӕмӕн дӕр дӕумӕ у сӕ каст, мӕ сӕрыхицау, мӕ паддзах, ӕмӕ сын фехъусын кӕн, дӕ фӕстӕ дӕ къӕлӕтджыны чи хъуамӕ сбада, уый тыххӕй.
Йесо сын загъта: «Уӕдӕ Йӕ Давид, Сыгъдӕг Удӕй разӕнгардӕй, йӕхӕдӕг Бардарӕг цӕмӕн хоны? Афтӕ куы дзуры:
Давид йӕхӕдӕг афтӕ куы дзырдта, Сыгъдӕг Удӕй разӕнгардӕй: „Дунедарӕг загъта мӕ Бардарӕгӕн: сбад Мӕ рахизфарс, ӕмӕ Дын Ӕз Де знӕгты Дӕ къӕхты бын ӕрӕвӕрдзынӕн“.
уымӕн ӕмӕ рагуац адӕймаджы фӕндонӕй загъд никуы ӕрцыд, фӕлӕ-иу адӕм Сыгъдӕг Удӕй разӕнгардӕй дзырдтой, Хуыцауӕй-иу цы рацыд, уый.