8 Ныррызт ӕмӕ нынкъуысти зӕхх, хӕхтӕ фенкъуыстысты сӕ бындурӕй, ризӕг сыл бахӕцыд Йӕ азарӕй.
фӕлӕ ӕфсӕн цыргъагӕй кӕнӕ арцы хъӕдӕй кӕй фелвасынц ӕмӕ арты кӕй баппарынц».
Уӕларвы цӕджындзтӕ ризынц, Йӕ нӕрынӕй ныккӕрзынц.
Арвы иу кӕронӕй райдайы йӕ фӕндаг, абалц кӕны иу кӕронӕй иннӕмӕ, ӕмӕ нӕй бамбӕхсӕн йӕ тӕвдӕй.
Уымӕн ӕмӕ ӕз Дӕ сӕраппонд фӕфидиссаг дӕн, мӕ цӕсгомыл худинаджы гакк сбадт.
Хуыцауы бафӕлварын сфӕнд кодтой: сӕ уды фӕндиаг хӕринаг Дзы домдтой.
Хуыцауы ныхмӕ ахӕм ныхӕстӕ дзырдтой: «Хуыцауӕн ӕдзӕрӕг быдыры фынг сӕвӕрын Йӕ бон суыдзӕн?
Цинӕй райут Дунедарӕгыл, ӕгас зӕххы цӕрджытӕ! Цинхъӕр кӕнут, хъӕлдзӕг ут ӕмӕ зарут!
Хӕхтӕ нынкъуысынц, къуылдымтӕ ныззыр-зыр кӕнынц, зӕхх, ӕппӕт дуне ӕмӕ йӕ цӕрджытӕ нырризынц Йӕ разы.
Уӕд Кувӕндоны мидӕмбӕрзӕн уӕлейӕ дӕлӕмӕ ӕрфасти ӕмӕ дыууӕ дихы фӕцис. Зӕхх нынкъуысыд, ӕмӕ къӕдзӕхтӕ аскъуыдтӕ сты.
Ӕвиппайды зӕхх тынг нынкъуысти: Хуыцауы зӕд ӕрцыди уӕларвӕй, дур афӕлдӕхта ӕмӕ йыл ӕрбадти.
Куы скуывтой, уӕд, кӕм уыдысты, уыцы бынат нынкъуысти, се ’ппӕтыл дӕр Сыгъдӕг Уд ӕртыхсти, ӕмӕ ӕдӕрсгӕ хъусын кодтой Хуыцауы ныхас.
Дунедарӕг! Сеирӕй куы цыдтӕ, Ды куы цыдтӕ Едомы бӕстӕйӕ, — зӕхх ӕнкъуысти, къӕвда уарыди, ӕмӕ мигътӕй лӕдӕрсти дон.