4 Ӕз кадджын Дунедарӕгмӕ фӕсиддзынӕн ӕмӕ фервӕздзынӕн ме знӕгтӕй.
Стауын ӕмӕ зарын куы райдыдтой, уӕд Дунедарӕг аммонӕгтӕ, моавӕгтӕ ӕмӕ Сеиры хӕхбӕсты цӕрджыты кӕрӕдзийы ныхмӕ скодта, ӕмӕ цагъды фесты.
Левиттӕ, Йешуа, Кадмиел, Бани, Хашавниа, Шеревиа, Ходиа, Шеваниа ӕмӕ Петахиа, дзырдтой: «Слӕуут! Стаут Дунедарӕджы, уӕ Хуыцауы, мыггагӕй-мыггагмӕ! Кад кӕнӕнт Дӕ цытджын номӕн, цыфӕнды кад ӕмӕ ӕппӕлдӕй стырдӕр чи у, уымӕн!
Афтӕ зӕгъӕнт, Дунедарӕг кӕй ссӕрибар кодта, се ’фхӕрджыты къухӕй кӕй байста,
Уымӕн Йӕ хорзӕх у ӕгӕрон, Дунедарӕгӕн Йе ’цӕгад — мыггагмӕ. Алелуйа!
Бон бонӕн ныхас ӕрвиты, ӕхсӕв ӕхсӕвӕн раргом кӕны зонындзинад.
Талынг ӕмӕ бырынцъаг суӕд сӕ фӕндаг, Дунедарӕджы зӕд сӕ фӕдыл ӕфтыд фӕуӕд!
Зарӕггӕнджыты къорды разамонӕгӕн. Корахы фыртты псалом.
Ӕнӕхуыцӕуттӕн бацамондзынӕн Дӕ фӕндӕгтӕ, ӕмӕ Дӕм тӕригъӕдджынтӕ раздӕхдзысты.
Уӕдӕ райхъал у, мӕ уд, райхъал ут, дыууадӕстӕнон ӕмӕ хъисфӕндыр! Ӕз хуры дӕр райхъал кӕндзынӕн!
О Хуыцау, батӕригъӕд нын кӕн ӕмӕ нын арфӕ ракӕн. Дӕ рухс цӕстӕй нӕм ракӕс,
Йӕ арвӕрттывдтӕй рухс у дун-дуне; зӕхх уый уыны ӕмӕ ризы.
Уымӕн ӕмӕ «Бардарӕджы ном чидӕриддӕр ссара, уый фервӕздзӕн».
«Ды цыт ӕмӕ кады аккаг дӕ, нӕ тыхджын Дунедарӕг ӕмӕ нӕ Хуыцау, уымӕн ӕмӕ ӕппӕт дӕр Ды сфӕлдыстай, ӕппӕт дӕр сфӕлдыстӕуыд ӕмӕ ӕппӕт дӕр Дӕ фӕндонмӕ гӕсгӕ ис».
ӕмӕ хъӕрӕй дзырдтой: «Нывондӕн Кӕй ӕрхастӕуыд, уыцы Уӕрыкк у кад, намыс ӕмӕ арфӕйы аккаг; Уый у тыхджын ӕмӕ хъӕздыг, куырыхон ӕмӕ хъомысджын!»