2 Загъта: «Дунедарӕг — мӕ къӕдзӕх, мӕ фидар, мӕ ирвӕзынгӕнӕг.
Уымӕн ӕмӕ Дунедарӕджы йеддӕмӕ ӕндӕр Хуыцау кӕм ис? Ӕмӕ нӕ Хуыцауы йеддӕмӕ ныфсы къӕдзӕх чи у?
Хуыцау мын ратты хъару, сраст мын кӕны мӕ фӕндаг;
Израилы Хуыцау загъта, Израилы Къӕдзӕх мын фехъусын кодта: „Рӕстӕй адӕмыл ӕлдариуӕг чи кӕна, Хуыцауӕй тӕрсгӕйӕ сын разамынд чи дӕтта,
Ӕрвылбон Дын кад кӕндзынӕн, мыггагмӕ Дын ӕппӕлдзынӕн Дӕ номӕй.
Цалынмӕ мӕ тӕригъӕд сусӕг кодтон, уӕдмӕ ме ’рвылбоны хъӕрзынӕй бастадтӕн.
Уадз ӕмӕ хӕхтӕй адӕммӕ амонд ӕрцӕуа, уадз ӕмӕ къуыбыртӕ адӕмӕн рӕстады дыргътӕ ’рхӕссой.
Куыд ӕхцон у Дунедарӕджы стауын ӕмӕ Дӕ номы кадӕн зарын, Бӕрзӕндтыл Бадӕг,
Зивӕггӕнаг кусӕг дӕрӕнгӕнӕгӕй уӕлдай нӕу.
Зӕгъын дын: ды дӕ Петр, ӕмӕ ацы дурыл Ӕз сараздзынӕн Мӕ аргъуан, ӕмӕ йӕ зындоны тыхтӕ нӕ басӕтдзысты.
Уый у Къӕдзӕх. Ӕнӕлаз у Йӕ алы хъуыддаг дӕр, Йӕ алы фӕндаг дӕр — рӕстаг. Иузӕрдион у Уый, ницы Йӕм ис сайдӕй, рӕстаг у ӕмӕ раст тӕрхон кӕны.
Дунедарӕгӕй уаздӕр ничи у, никӕй ис абарӕн Демӕ. Нӕ Хуыцау у къӕдзӕх, Уый хуызӕн никуы ис.
Саул йӕ адӕмимӕ ацыди Давиды агурынмӕ. Давидмӕ фӕхабар кодтой, ӕмӕ Маоны ӕдзӕрӕг быдыры къӕдзӕхтӕм йӕхи байста ӕмӕ уым бамбӕхсти. Уый фехъуыста Саул, ӕмӕ Давиды фӕдыл зилын райдыдта Маоны ӕдзӕрӕг быдыры.
Саул филистимӕгты фӕдыл стӕрӕй куы ӕрбаздӕхт, уӕд ӕм фӕхабар чындӕуыд, Давид Ен-Гедийы ӕдзӕрӕг быдыры ис, зӕгъгӕ.