12 Талынгӕй Йӕ алыварс скодта ӕмбӕрзӕн, саувадыг мигътӕ ӕртыхстысты Йӕ алыварс.
Арвы къӕй ӕртасын кодта ӕмӕ ӕрхызти дӕлӕмӕ, Йӕ къӕхты бын — саудалынг.
Куы йын ӕй фехъусын кодтой, уӕд йӕ асадӕны йӕ дӕлбар паддзӕхтимӕ минас кодта ӕмӕ йӕ дӕлдӕртӕн бардзырд радта: «Сахары ныхмӕ ӕрлӕуут!» Ӕмӕ ӕрлӕууыдысты.
Чи бамбардзӕн, мигътӕ куыд тӕхынц, уый, ӕрвнӕрды гыбар-гыбур — Йӕ цатыры?
Уымӕн ӕмӕ Дунедарӕджы архайдмӕ, Йе ’рмдзӕфмӕ сӕ хъус нӕ дарынц. Уый сӕ ныззыгуым кӕндзӕн, сӕхиуыл схӕцын сӕ нал бауадздзӕн.
Дунедарӕг раргом кодта Йӕ ирвӕзындзинад, ӕппӕт адӕмтӕн раргом кодта Йӕ рӕстад.