10 Арвы къӕй ӕртасын кодта ӕмӕ ӕрхызти дӕлӕмӕ, Йӕ къӕхты бын — саудалынг.
Ӕмӕ Соломон скуывта: «О Дунедарӕг! Ды загътай, Ӕз цӕрын тар ӕврагъы мидӕг.
Раппӕлут Ын Йӕ уаз номӕй, Дунедарӕджы чи агуры, уыдон цинӕй райӕнт!
Мӕ хъуыдытӕ уыдзысты Дӕ рухс ӕмӕ Дӕ кадыл, Де стырадыл, Дӕ диссӕгтыл.
Дунедарӕг раргом кодта Йӕ ирвӕзындзинад, ӕппӕт адӕмтӕн раргом кодта Йӕ рӕстад.
Ӕртыккаг бон сӕумӕйӕ арв нӕрын, цӕхӕртӕ калын байдыдта, стӕй хохыл ӕрбадти бӕзджын ӕврагъ. Хъӕрӕй ныууасыд сыкъауадындз, ӕмӕ рӕсӕнуаты адӕм барызтысты.
Адӕм лӕууыдысты дӕрддзӕф ран, Моисей та баввахс ис, Хуыцау кӕм уыди, уыцы саудалынгмӕ.
Ӕмӕ систӕм ахӕм адӕм, цыма Ды никуы уыдтӕ нӕ паддзах, цыма Дын мах никуы зыдтам Дӕ ном.
Дунедарӕг Йӕ маст исынмӕ нӕ тагъд кӕны. Ӕгӕрон у Йӕ хъомыс, хӕрам митӕ ӕнӕ ’фхӕрдӕй нӕ ныууадзы. Уадтымыгъ ӕмӕ тыгъдызӕйы рацӕйцӕуы Дунедарӕг, ӕврӕгътӕ рыджы хуызӕн бассӕнды Йӕ къӕхты бын.
Ӕхсӕз сахатыл бӕстӕ ӕгасӕй дӕр баталынг ӕмӕ афтӕ ахаста фараст сахаты онг.
Сымах бацыдыстут ӕмӕ хохрӕбын ӕрлӕууыдыстут. Хох артау сыгъди, ӕмӕ арты ӕвзӕгтӕ арвыл ныдзӕвыдысты. Уыди саудалынг, бӕзджын мигъ ныббадти.