1 Дунедарӕг ӕй йе ’ппӕт фыдгултӕ ӕмӕ Саулӕй куы фервӕзын кодта, уӕд Давид Дунедарӕджы кадӕн скодта ацы зарӕг.
Натан Давидӕн загъта: «Уыцы лӕг ды дӕ. Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг, Израилы Хуыцау: „Израилӕн дӕ паддзахӕй Ӕз байсӕрстон. Фервӕзын дӕ кодтон Саулы къухӕй,
Ды мӕ фервӕзын кодтай ме знӕгтӕй, Дӕ фӕндонӕй фӕуӕлахиз дӕн фыдгултыл, фыдлӕгтӕй фервӕзтӕн Дӕ фӕрцы.
Уыцы бон Давид фыццаг хатт бафӕдзӕхста Асаф ӕмӕ йе ’рвадӕлтӕн Дунедарӕджы кадӕн ацы арфӕйы зарӕг азарын:
Ӕнаххосӕй мӕм знаджы цӕстӕй чи кӕсы, уыдоны мыл ма бауадз худын, кӕрӕдзимӕ сӕ цӕстытӕ ныкъулын!
Раздах мын Дӕ ирвӕзындзинады цин, Дӕ хъомысджын Удӕй мӕ сфидар кӕн.
Уӕд Моисей ӕмӕ израилӕгтӕ Дунедарӕджы кадӕн арфӕйы зарӕг систой: «Цӕй ӕмӕ ныззарон Дунедарӕгыл, стыр ӕмӕ кадджын Хуыцауыл! Уый фӕдӕлдон кодта бӕхтӕ ӕмӕ барджыты.
Мах кастыстӕм мӕлӕты дзыхмӕ, ӕмӕ нӕ дзы Хуыцау бахызта. Нӕ зӕрдӕ дарӕм, Уый та нӕ ногӕй кӕй фервӕзын кӕндзӕни,
Моисей ацы зарӕг азарыд райдианӕй кӕронмӕ, ӕппӕт Израилы дзыллӕ ӕрӕмбырд сты ӕмӕ йӕм хъуыстой.
Бардарӕг мӕ бахиздзӕн алы ӕвзӕр хъуыддагӕй ӕмӕ мӕ фервӕзын кӕндзӕн Йӕ Уӕларвон Паддзахадӕн. Кад Ын уӕд ӕнусӕй-ӕнустӕм! Аммен.
Уыцы бон Деворӕ Авиноамы фырт Баракимӕ зарыдысты ахӕм уӕлахизы зарӕг:
Давид йӕхи бааууон кодта ӕдзӕрӕг быдыры. Царди Иудейы хӕхты, Зифы хохрӕбын ӕдзӕрӕг быдыры. Иудадзыг Саул йӕ фӕдыл зылди, фӕлӕ йын ӕй Хуыцау йӕ къухтӕм нӕ лӕвӕрдта.
Кӕй ныхмӕ рацыд Израилы паддзах? Кӕй фӕдыл зилыс? Мард куыдзы фӕдыл, иунӕг ӕхсӕнчъы фӕдыл!
Исчи дӕ фӕдыл куы зила ӕмӕ дӕ марынмӕ куы хъава, уӕд дӕр Дунедарӕг, дӕ Хуыцау, зынаргъ дурау бахъахъхъӕндзӕн ме ’лдары уд, де знӕгты удтӕ та дын дурӕхсӕнӕй ӕхсӕгау фехсдзӕн.
Абон мӕ цӕсты дӕ цард куыд зынаргъ уыд, афтӕ зынаргъ разынӕд мӕ цард дӕр Дунедарӕджы цӕсты, ӕмӕ мӕ алы фыдбылызӕй бахизӕд!»
Давид йӕ мидзӕрдӕйы загъта: «Искуы Саулы къухӕй сӕфдзынӕн, ӕмӕ мын филистимӕгты бӕстӕм алидзынӕй хуыздӕр амал нӕй. Уӕд йӕ ныфс асӕтдзӕни Саулӕн ӕмӕ мӕ нал агурдзӕн Израилы алы къуымты, ӕмӕ дзы афтӕмӕй фервӕздзынӕн».