Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




2 Паддзахӕдтӕ 21:1 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 Давиды заман фӕд-фӕдыл ӕртӕ стонг азы скодта, ӕмӕ паддзах Дунедарӕджы бафарста. Дунедарӕг загъта: «Аххос Саул ӕмӕ йӕ байзӕддагыл ис, уымӕн ӕмӕ Саул ӕназым гивонӕгты туг ныккалдта».

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




2 Паддзахӕдтӕ 21:1
34 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Ханааны зӕххыл скодта ӕвирхъау стонг заман, ӕмӕ уал Аврам хуыздӕр цардагур Мысырмӕ йӕхи айста.


Ханааны зӕххыл та скодта ӕххормаг рӕстӕг, уый размӕ Авраамы заманы куыд уыди, афтӕ, ӕмӕ Исаак араст ис Герармӕ, филистимаг паддзах Авимелехмӕ.


Мысырмӕ, Йосефмӕ, хор ӕлхӕнынмӕ цыдысты алы бӕстӕй, уымӕн ӕмӕ ӕгас дунейы дӕр стонг заман стыхджын ис.


Ханааны зӕххыл стонг заман кӕй скодта, уымӕ гӕсгӕ Мысырмӕ афтыди бирӕ хорӕлхӕнӕг адӕм, уыдонимӕ Йаковы фырттӕ дӕр.


Стонг заман ноджы фӕкарздӕр ис Ханааны зӕххыл.


Кӕй паддзахы бадӕн байстай, уыцы Саулы хӕдзары туг дӕ исы Дунедарӕг. Дӕ паддзахад дӕр дын дӕ фырт Авессаломӕн радта. Ды фыдбылызы бахаудтӕ, уымӕн ӕмӕ дӕ къухтӕ тугӕйдзаг сты».


иаираг Ира дӕр уыди Давиды сауджын.


Уӕд уыдон загътой: «Кӕй нӕ цагъта ӕмӕ нын Израилы зӕххыл нӕ мыггаг сыскъуынынмӕ кӕй тырныдта,


Дунедарӕджы маст та ссыгъди израилӕгтӕм ӕмӕ сын Давиды сӕ ныхмӕ сардыдта. Загъта йын: «Цу ӕмӕ банымай Израил ӕмӕ Иудӕйы».


Давид Дунедарӕджы бафарста: «Филистимӕгты ныхмӕ цӕуон ӕви нӕ? Мӕ къухмӕ сӕ ратдзынӕ?» Дунедарӕг ын загъта: «Цу, ратдзынӕн сӕ дӕ къухмӕ ӕнӕмӕнг».


Давид дӕр та Дунедарӕджы бафарста, ӕмӕ йын Уый дзуапп радта: «Сӕ ныхмӕ ма ссу, фӕлӕ сӕ иувӕрсты ӕрзил ӕмӕ тута бӕлӕсты къохы ’рдыгӕй сӕ чъылдыммӕ баздӕх.


Галаадмӕ балидзӕг адӕмӕй иу лӕг, тишбийаг Илийа, Ахавӕн загъта: «Сомы дын кӕнын Дунедарӕгӕй, Израилы Хуыцауӕй, лӕггад Кӕмӕн кӕнын, Уымӕй: къорд азы дӕргъы нӕ уыдзӕни нӕдӕр къӕвда, нӕдӕр ӕртӕх, цалынмӕ ӕз нӕ зӕгъон, уӕдмӕ».


Илийа араст ис Ахавмӕ, цӕмӕй йӕ разы ӕрлӕууа. Ныр Самарийы та скодта ӕвирхъау стонг заман.


Уӕд Самарийы скодта ӕвирхъау стонг заман. Суанг ма хӕрӕджы сӕр дӕр уӕй кодтой ӕвзисты цыппарыссӕдз шекелӕй, бӕлоны бӕркъайы кавӕн та йӕ цыппӕрӕм хай — ӕвзисты фондз шекелӕй.


Елисей, йӕ лӕппуйы кӕмӕн райгас кодта, уыцы шунемаг сылгоймагӕн бафӕдзӕхста: «Дӕ бинонтимӕ уал ӕндӕр искуыдӕм ацу цӕрынмӕ, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕджы фӕндӕй ацы зӕххыл авд азы дӕргъы уыдзӕн ӕххормаг заман».


Хуыцауӕн зӕгъдзынӕн: тӕрхон рахӕссынмӕ тагъд ма кӕн, мӕ азым уал мын бамбарын кӕн!


Дунедарӕг Йӕ адӕмӕн — сӕ хъару, Йӕ ’взӕрстӕн — йӕ ныфсы мӕсыг, йӕ ирвӕзынӕнӕг.


Ӕнӕхуыцӕуттӕн бацамондзынӕн Дӕ фӕндӕгтӕ, ӕмӕ Дӕм тӕригъӕдджынтӕ раздӕхдзысты.


зӕры бонты дӕр дыргъджын, донджын ӕмӕ райдзастхуыз уыдзысты,


Хойрагӕй уӕ ӕнӕхай фӕкӕндзынӕн, уӕ сылгоймӕгтӕ дӕсӕй иу пецы дзул фыцдзысты. Тӕразыл барстӕй уын дзул дӕтдзысты, ӕмӕ хӕрдзыстут, фӕлӕ не ’фсӕддзыстут.


Ӕмӕ-иу бацӕуӕд уый сауджын Елеазары размӕ, цӕмӕй йын уый уримы фӕрцы Дунедарӕджы бафӕрса. Дунедарӕджы ныхасмӕ гӕсгӕ цӕудзысты фӕндагыл, Дунедарӕджы ныхасмӕ гӕсгӕ здӕхдзысты фӕстӕмӕ — Йешуа ӕмӕ ӕппӕт израилӕгтӕ, ӕгас дзыллӕ».


Фӕлӕ израилӕгтӕ, ӕлгъыстаг дзауматы тыххӕй цы бафӕдзӕхстӕуыд, уый нӕ сӕххӕст кодтой. Зарахы байзӕддаг, Завдийы фырты фырт, Кармийы фырт Ахан, Иудӕйы хӕдзарвӕндагӕй, рахаста, ӕлгъыстаг цы уыд, уыдонӕй, ӕмӕ Дунедарӕгӕн Йӕ маст ссыгъд израилӕгтӕм.


Афтӕ сын бакӕнӕм: сӕрӕгасӕй сӕ ныууадзӕм, науӕд нӕ ард куы фӕсайӕм, уӕд нӕ Дунедарӕджы азар баййафдзӕн.


Фӕтӕгты заман иуахӕмы Израилы зӕххыл скодта ӕххормаг рӕстӕг. Ӕмӕ иудейаг Вифлеемӕй иу лӕг йӕ усимӕ ӕмӕ йӕ дыууӕ фыртимӕ ацӕрынмӕ ацыди Моавы быдырмӕ.


Уӕд та Дунедарӕджы бафарстой: «Ӕрбацӕудзӕни ма ӕви нӕ?» Дунедарӕг загъта: «Уӕртӕ чырӕйы ’хсӕн бамбӕхсти».


Кеилайы цӕрджытӕ мӕ йӕ къухтӕм ратдзысты ӕви нӕ? Дӕ цагъар цы фехъуыста, уый раст у? Ӕрцӕудзӕни Саул? Дунедарӕг, Израилы Хуыцау, раргом ӕй кӕн Дӕ цагъарӕн». Дунедарӕг ын дзуапп радта: «Ӕрцӕудзӕн».


Уӕд Давид Дунедарӕджы бафарста: «Ацӕуон ӕмӕ уыцы филистимӕгты басӕттон?» Дунедарӕг ын дзуапп радта: «Ацу, филистимӕгты басӕтт ӕмӕ Кеилайы сахар ссӕрибар кӕн».


Давид та ногӕй бафарста Дунедарӕджы, ӕмӕ йын Дунедарӕг дзуапп радта: «Ныццу Кеиламӕ, филистимӕгты дын дӕ къухтӕм дӕттын».


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ