9 Йоав Амасайы фӕрсы: «Куыд дӕ, ме ’фсымӕр?» — ӕмӕ йын рахиз къухӕй йӕ боцъомӕ бавнӕлдта, цыма йын ба кодта, афтӕ.
Исчи-иу ӕм, ныллӕг ын акувон, зӕгъгӕ, куы бацыд, уӕд-иу ын уый февнӕлдта йӕ къухмӕ ӕмӕ-иу ын аба кодта.
Ӕфсады сӕргъы Авессалом Йоавы бӕсты Амасайы сӕвӕрдта. Амаса уыдис Измаелы байзӕддаг Итрайы фырт, йӕ мад — Нахашы чызг Авигеа, Йоавы мад Церуайы хо.
Паддзах ӕй бафарста: «Лӕппу дзӕбӕх у? Авессаломӕй зӕгъын». Ахимаац ын дзуапп радта: «Ӕз федтон стыр змӕлд, дӕ дӕлдӕр Йоав дын дӕ цагъары куы ӕрвыста, уӕд, фӕлӕ ницы бӕрӕг базыдтон».
Авнер Хевронмӕ фӕстӕмӕ куы баздӕхти, уӕд ӕй Йоав кулдуарӕй фӕмидӕг кодта, цыма йын аивӕй цыдӕр зӕгъынмӕ хъавыд, уый хуызӕн ӕмӕ йын уым йӕ гуыбын барӕхуыста, йе ’фсымӕр Асаелы туг дзы райста.
Йӕ азым ын Дунедарӕг сӕвӕрӕд йӕхиуыл, уымӕн ӕмӕ мӕ фыды ӕвастӕй карды амӕттаг бакодта йӕхицӕй рӕстагдӕр ӕмӕ хуыздӕр дыууӕ лӕджы: Неры фырт Авнеры — Израилы ӕфсады хицауы ӕмӕ Йетеры фырт Амасайы — Иудейы ӕфсады хицауы.
Ӕлыгӕй конд дурын ӕвзистӕй куы саив кӕнай, раст уый ӕнгӕс сты саузӕрдӕйы уарзӕгой ныхӕстӕ.
Чи дӕ уарзы, уымӕн йӕ уайдзӕф дӕр — зӕрдиаг; ӕнӕуынон кӕмӕн дӕ, уымӕн та йӕ батӕ дӕр — гӕды митӕ.
уӕд Нетаниайы фырт Измаел ӕмӕ, йемӕ цы дӕс лӕджы уыди, уыдон ӕвиппайды фестадысты ӕмӕ Ахикамы фырт Гедалиайы, Шафаны фырты фырты, кардӕй барӕхуыстой — Вавилоны паддзах бӕстӕйы хицауӕй кӕй сӕвӕрдта, уый амардтой.
Зӕххыл хӕларзӕрдӕ адӕм нал ис, раст лӕджы никуыуал ссардзынӕ. Иууылдӕр систы лӕгмартӕ, алчи йе ’фсымӕры къӕппӕджы ’ппары.
Ӕстдӕс азы фӕстӕ Дунедарӕгмӕ скуывтой, ӕмӕ та сын се ’хсӕнӕй ног фӕтӕджы сӕвзӕрста. Уый уыди Герайы фырт Ехуд, Бениамины хӕдзарвӕндагӕй. Ехуд уыди галиуӕг. Израилӕгтӕ йӕ Моавы паддзах Еглонмӕ хъалонимӕ куы арвыстой,