Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




2 Паддзахӕдтӕ 20:6 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

6 Давид загъта Авишайӕн: «Ныр нын Бихрийы фырт Савей, гӕнӕн ис ӕмӕ Авессаломӕй дӕр фыддӕр фыдбылызтӕ сараза. Гъемӕ дӕ паддзахы хӕстонты демӕ акӕн ӕмӕ йӕ фӕсте асур, цалынмӕ йӕхицӕн фидар сахартӕ не ссардта ӕмӕ нӕ йӕхи нӕ фӕтылиф кодта, уӕдмӕ».

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




2 Паддзахӕдтӕ 20:6
17 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

ӕмӕ сын уый бафӕдзӕхста: «Мӕ фырт Соломоны мын мӕ хӕргӕфсыл абадын кӕнут ӕмӕ, мӕ лӕггадгӕнджытӕ дӕр уемӕ, афтӕмӕй йӕ Гихоны доны онг бахӕццӕ кӕнут.


Фӕлӕ Церуайы фырт Авишай Давиды фарсмӕ ӕрбалӕууыди — филистимагыл йӕхи ныццавта ӕмӕ йӕ амардта. Уӕд Давидӕн йӕ адӕм расомы кодтой: «Ды немӕ хӕстмӕ нал ацӕудзынӕ, цӕмӕй Израилы цырагъ ма ахуысса».


Уриа йын дзуапп радта: «Фидыды Чырын, стӕй Израил ӕмӕ Иудӕйы ӕфсад цатырты куы сты, мӕ хицау Йоав ӕмӕ мӕ паддзахы хӕстонтӕ тыгъд быдыры рӕсӕнуаты куы бадынц, уӕд ӕз мӕ хӕдзармӕ куыд бацӕуон, куыд хӕрон ӕмӕ куыд нуазон ӕмӕ мӕ усы фарсмӕ куыд хуыссон? Сомы кӕнын Хуыцауӕй ӕмӕ дӕуӕй, ӕз уый нӕ бакӕндзынӕн».


Церуайы фырт Авишай Цӕхджын дӕлвӕзы едомӕгтӕй ныццагъта ӕстдӕс мины.


Йоавы ӕфсымӕр Авишай уыди хӕстон къорды хистӕр. Йӕ арцы бырынкъӕй знаджы адӕмӕй ӕртӕсӕдӕ ныццагъта, ӕмӕ йын ӕфсады ӕхсӕн уыди стыр кад.


Йоавы ӕфсымӕр Авишай, Церуайы фырт, уыди хӕстон къорды хистӕр. Йӕ арцы бырынкъӕй знаджы адӕмӕй ӕртӕсӕдӕ ныццагъта, ӕмӕ йын ӕфсады ’хсӕн уыди стыр кад.


Рацу ӕмӕ дӕ ныхасӕй дӕ цагъарты зӕрдӕ фӕлӕууын кӕн. Дунедарӕгӕй дын ард хӕрын, куынӕ рацӕуай, уӕд дӕм ахсӕв иунӕг лӕг дӕр нал баззайдзӕн, ӕмӕ дын уый, ӕвзонгӕй нырмӕ дыл цы бӕллӕхтӕ ӕрцыди, ӕппӕт уыдонӕй дӕр фыддӕр уыдзӕн».


Уый дзуапп радта Йоавӕн: «Ӕвзисты мин шекелы тыххӕй дӕр мӕ къух паддзахы фыртмӕ нӕ систаин, уымӕн ӕмӕ дӕуӕн, стӕй Авишайӕн ӕмӕ Итайӕн паддзах нӕхи раз фӕдзӕхста, мӕ лӕппуйы, Авессаломы, мын бахъахъхъӕнут, зӕгъгӕ.


Уый фӕстӕ сӕ ӕртӕ къордыл фӕдих кодта ӕмӕ дзы иу къорд радта Йоавы къухмӕ, иннӕ — Церуайы фырт, Йоавы ӕфсымӕр Авишайы къухмӕ, ӕртыккаг та — гатаг Итайы къухмӕ. Паддзах йӕ адӕмӕн загъта: «Мӕхицӕн дӕр уемӕ ӕнӕ цӕугӕ нӕй».


Аммонӕгтӕ куы федтой, арамейӕгтӕ лидзӕг фесты, уый, уӕд уыдон дӕр Авишайы разӕй сахармӕ сӕхи байстой. Аммонӕгтимӕ хӕст куы ахицӕн ис, уӕд Йоав Йерусалиммӕ ӕрбаздӕхт.


Кӕд мӕ паддзахӕй байсӕрстой, уӕддӕр мӕнмӕ нырма уый бӕрц тых нӕй, ацы Церуайы фырттӕ та ӕгӕр ӕгъатыр сты. Фӕлӕ сын Дунедарӕг схос кӕнӕд сӕ фыдракӕнды тыххӕй!»


Йоав ӕмӕ йе ’фсымӕр Авишай та Авнеры, се ’фсымӕр Асаелы сын кӕй амардта Гивоны хӕсты, уый тыххӕй амардтой.


Хӕцӕны уыдысты Церуайы ӕртӕ фырты дӕр: Йоав, Авишай ӕмӕ Асаел. Сычъийау рӕувад уыди Асаел.


Давид загъта хеттаг Ахимелехӕн ӕмӕ Церуайы фырт Авишайӕн, Йоавы ӕфсымӕрӕн: «Мемӕ Саулы рӕсӕнуатмӕ чи ныццӕудзӕн?» Авишай йын дзуапп радта: «Ӕз ныццӕудзынӕн демӕ».


«Цӕмӕн кӕнӕм фӕстиат? Ӕрӕмбырд ут, бырутӕй ӕхгӕд сахартӕм фӕлидзӕм ӕмӕ уым ӕнцой ссарӕм нӕхицӕн! Фесафын нӕ сфӕнд кодта Дунедарӕг, нӕ Хуыцау, маргджын дон нын дары, уымӕн ӕмӕ Йӕ разы тӕригъӕдтӕ фӕкодтам.


Паддзахад куы ныддихтӕ уа, уӕд ын ӕнӕ фехӕлгӕ нӕй;


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ