Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




2 Паддзахӕдтӕ 20:2 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

2 Израилӕгтӕ дӕр Давиды фӕуагътой ӕмӕ Бихрийы фырт Савейы фӕдыл фӕраст сты. Иудейӕгтӕ та сӕ паддзахимӕ баззадысты ӕмӕ Иорданӕй суанг Йерусалимы онг йемӕ фӕцыдысты.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




2 Паддзахӕдтӕ 20:2
12 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Паддзах раздӕхти ӕмӕ Иорданы былгӕронмӕ ӕрцыд. Иудейӕгтӕ рараст сты паддзахы размӕ, Иорданы фаллаг фарсӕй йӕ ӕрбахизын кӕнынмӕ, ӕмӕ ӕрхӕццӕ сты Гилгалмӕ.


Уыцы рӕстӕг се ’хсӕн фӕци иу ӕнаккаг лӕг, Бениамины мыггагӕй, Бихрийы фырт Савей. Сыкъауадындзӕй ныууасыди уый ӕмӕ ныхъхъӕр кодта: «Махӕн та ма ныр Давид чи у? Йессейы фыртимӕ мах цы хъуыддаг ис? Гъӕй кӕнут уӕ цатыртӕм, израилӕгтӕ!»


Хъуыддаг уый мидӕг нӕй. Ефремы хӕхбӕстаг, йӕ ном — Савей, Бихрийы фырт, йӕ къух систа паддзах Давидмӕ. Ӕрмӕстдӕр мын уый раттут, ӕмӕ уын уӕ сахар ӕнцад ныууадздзынӕн». Сылгоймаг загъта Йоавӕн: «Сисы сӕрӕй дын йӕ сӕр ӕрӕппардзысты».


Паддзах Давид Йерусалиммӕ йӕ галуанмӕ куы ӕрбаздӕхт, уӕд, хӕдзаргӕс кӕй ныууагъта, йӕ уыцы дӕс номылусы ӕрцӕрын кодта, хъахъхъӕнджытӕ сын кӕм уыд, ахӕм хӕдзары. Хъуаг сӕ ницӕмӕй уагъта, фӕлӕ сӕм цӕугӕ нӕ кодта. Ӕмӕ уыдон идӕдз устытау, ӕхгӕд цард кӕнгӕйӕ, цардысты уым сӕ амӕлӕты онг.


Израилы хӕдзарвӕндӕгты адӕм иууылдӕр базыдтой, Йоровам Мысырӕй кӕй ӕрбаздӕхт, уый, фӕдзырдтой йӕм се ’хсӕнады ӕмбырдмӕ ӕмӕ йӕ спаддзах кодтой сӕхицӕн. Паддзах Давиды байзӕддагыл ма иузӕрдионӕй баззад ӕрмӕстдӕр Иудӕйы хӕдзарвӕндаг.


Ӕрмӕстдӕр, Иудейы сахарты цы израилӕгтӕ царди, уыдонӕн баззади паддзахӕй Роховам.


Дӕуыл ӕнцайы мӕ уд, Дӕ рахиз къух мӕ хъахъхъӕны.


Загъд райдыдта — донмарӕн ратыдта; цалынмӕ нӕ сабухта, уӕдмӕ дӕхи ’рсабыр кӕн.


Уырдӕм куы бахӕццӕ ӕмӕ Хуыцауы хорзӕх куы федта, уӕд йӕ зӕрдӕ барухс ӕмӕ се ’ппӕтӕн дӕр фӕдзӕхста, цӕмӕй Бардарӕгыл уой иузӕрдион.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ