Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




2 Паддзахӕдтӕ 20:1 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 Уыцы рӕстӕг се ’хсӕн фӕци иу ӕнаккаг лӕг, Бениамины мыггагӕй, Бихрийы фырт Савей. Сыкъауадындзӕй ныууасыди уый ӕмӕ ныхъхъӕр кодта: «Махӕн та ма ныр Давид чи у? Йессейы фыртимӕ мах цы хъуыддаг ис? Гъӕй кӕнут уӕ цатыртӕм, израилӕгтӕ!»

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




2 Паддзахӕдтӕ 20:1
31 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Бениамины фырттӕ: Бела, Бехер, Ашбел, Гера, Нааман, Ехи, Рош, Муппим, Хуппим, Ард.


Израилы ӕппӕт хӕдзарвӕндӕгтӕм дӕр Авессалом сусӕгӕй минӕвӕрттӕ арвыста. Бафӕдзӕхста сын: «Куыддӕр сыкъауадындзы уасын фехъусат, афтӕ-иу ныхъхъӕр кӕнут: „Авессалом спаддзах ис Хевроны“».


Ноджы ма Давид загъта Авишай ӕмӕ йӕ иннӕ дӕлдӕртӕн: «Мӕхи фырт мӕ марынвӕнд куы кӕны, уӕд ма Бениамины мыггагӕй та цы бадомон? Ныууадзут ӕй. Уадз ӕмӕ ӕлгъита, уымӕн ӕмӕ йын Дунедарӕгӕй афтӕ фӕдзӕхст у.


Шими афтӕ ӕлгъыста паддзахы: «Фесӕф мӕ разӕй, лӕгмар, ӕнаккаг!


Авессаломы мард ӕристой, хъӕды йӕ уыцы ран иу арф дзыхъхъы ныппӕрстой ӕмӕ йыл дуртӕ бӕрзонд сцӕнд кодтой. Израилӕгтӕй та алчи йӕ хӕдзармӕ фӕлыгъди.


Израилӕгтӕ дӕр Давиды фӕуагътой ӕмӕ Бихрийы фырт Савейы фӕдыл фӕраст сты. Иудейӕгтӕ та сӕ паддзахимӕ баззадысты ӕмӕ Иорданӕй суанг Йерусалимы онг йемӕ фӕцыдысты.


Сылгоймаг дзыллӕйы раз ӕрлӕууыди ӕмӕ сын йӕ хъуыды загъта. Уыдон ын йӕ зондмӕ байхъуыстой, Бихрийы фырт Савейӕн йӕ сӕр акъуырдтой ӕмӕ йӕ Йоавмӕ ӕрӕппӕрстой. Уӕд Йоав сыкъауадындзӕй ныууасын кодта, ӕмӕ уыйадыл йӕ адӕм сахары разӕй сӕхи айстой ӕмӕ сӕ хӕдзӕрттӕм ацыдысты, Йоав йӕхӕдӕг та йӕ паддзахмӕ аздӕхт Йерусалиммӕ.


Ӕнаккӕгтӕ та — какон сындзытау, къухӕй кӕмӕ нӕ бавналынц, афтӕмӕй кӕй аппарынц,


Израилы адӕм куы федтой, паддзах сын сӕ курдиат ницӕмӕ дары, уый, уӕд ын загътой: «Чи нын у ныр Давид? Цы ма нын ис иумӕйагӕй Йессейы фыртимӕ? Ныххӕлиу ут уӕ цатыртӕм, Израилы адӕм! Ныр сӕ мыггаг сӕхи бар уӕд Давиды байзӕддагӕн!» Ӕмӕ Израилы адӕм аздӕхтысты сӕ цатыртӕм.


Йӕ бакомкоммӕ йын ӕрбадын кӕнут дыууӕ цъаммар лӕджы ӕмӕ йӕ ныхмӕ ӕвдисӕн кӕнӕнт, ды Хуыцауы ӕмӕ паддзахы ӕлгъыстай, зӕгъгӕ. Уый фӕстӕ-иу ӕй фӕссахармӕ ракӕнут ӕмӕ йӕ уым дурты бын фӕкӕнут».


Израилы адӕм, паддзах сын сӕ курдиат ницӕмӕ дары, уый куы федтой, уӕд ын загътой: «Чи нын у ныр Давид? Цыфӕнды фӕуӕд Йессейы фырт! Уӕ хӕдзӕрттыл ныххӕлиу ут, Израил! Дӕхӕдӕг кӕс дӕ мыггагмӕ, Давид!» Уыйадыл Израилы адӕм сӕ хӕдзӕрттӕм аздӕхтысты.


уӕд паддзах Роховам, йӕ фыд Соломоны заман чи лӕггад кодта, уыцы хистӕрты бафарста: «Цы мын бауынаффӕ кӕндзыстут? Цы дзуапп раттон ацы адӕмӕн?»


Йе ’рттывдӕй мигътӕ тахтысты Йӕ разӕй — ихуард ӕмӕ зынджы стъӕлфӕнтӕ.


Ӕнаххосӕй мӕм знаджы цӕстӕй чи кӕсы, уыдоны мыл ма бауадз худын, кӕрӕдзимӕ сӕ цӕстытӕ ныкъулын!


Тӕвдӕн — ӕвзалы, артӕн — сугтӕ, загъдӕргом та — загъд къахынӕн.


Паддзахад куы ныддихтӕ уа, уӕд ын ӕнӕ фехӕлгӕ нӕй;


Фӕлӕ, йе ’мбӕстӕгтӕн ӕнӕуынон кӕй уыди, уымӕ гӕсгӕ уыдон бавдӕлдысты ӕмӕ йын йӕ фӕдыл минӕвӕрттӕ арвыстой ахӕм ныхӕстимӕ: „Мах нӕ фӕнды, цӕмӕй нын ацы адӕймаг паддзахиуӕг кӕна“.


Паддзах сын уон, уый кӕй нӕ фӕндыди, мӕ уыцы знӕгты та ӕрбакӕнут ӕмӕ сӕ ам мӕ разы амарут“».


Петр Ын загъта: «Никуы мын цӕхсдзынӕ мӕ къӕхтӕ!» Йесо йын дзуапп радта: «Куынӕ дын сӕ цӕхсон, уӕд дын Мемӕ иумӕйагӕй ницы ис».


Уазджытӕ сӕ фӕллад уагътой. Уалынмӕ сахары цӕрджытӕ, хъахбай адӕм, хӕдзары алыварс ӕрӕмбырд сты ӕмӕ дуар батоныныл архайдтой. Уыдон зӕронд лӕгӕй, хӕдзары хицауӕй, домдтой, цӕмӕй сӕм йӕ уазӕджы ракӕна, ӕмӕ йын батых кӕной.


Ефремы хӕхтӕм ссыди ӕмӕ сыкъайӕ ныууасыд. Израилӕгты ӕрӕмбырд кодта ӕмӕ, ӕфсады разӕй йӕхӕдӕг, афтӕмӕй хӕхтӕй ӕрцыд.


Руф ацыд. Хуыммӕ бахӕццӕ ӕмӕ хуымгӕрдӕг адӕмы фӕстӕ ӕфсиртӕ уыгъта. Рауад афтӕ, ӕмӕ уыцы хуым разынди Елимелехы хӕстӕг Боазы.


Израилӕгтӕй Саул йӕхицӕн равзӕрста ӕртӕ мин лӕджы. Уыдонӕй дыууӕ мины Саулимӕ уыдысты Михмасы ӕмӕ Вефилы хӕхбӕсты, иу мин та — йӕ фырт Ионатанимӕ Бениамины Гевӕйы. Иннӕ адӕмы Саул ауагъта сӕ хӕдзӕрттӕм.


Елиайӕн йӕ фырттӕ ӕнаккаг уыдысты. Дунедарӕгмӕ се ’ргом не здӕхтой,


Уӕд, Давидимӕ цы адӕм ӕрбацыди, уыдонӕн сӕ цъаммӕрттӕ ӕмӕ ӕнаккӕгтӕ дзурын райдыдтой: «Адон немӕ кӕй нӕ уыдысты, уый тыххӕй сын ницы ратдзыстӕм, цы байстам, уымӕй. Алчидӕр сӕ ӕрмӕст йӕ ус ӕмӕ йӕ сывӕллӕтты акӕнӕд ӕмӕ цӕуӕд йӕ фӕндагыл».


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ