9 ӕмӕ йӕ паддзахӕй сӕвӕрдта ӕппӕт Израилӕн — Галаад, Ашур, Изреел, Ефрем ӕмӕ Бениаминӕн.
Леа загъта: «Амондджын дӕн! Сылгоймӕгтӕ мӕ схондзысты амондджын». Ӕмӕ сабийыл сӕвӕрдта ном Асир.
Дыууиссӕдз азы цыди Саулы фырт Йевосфетыл, Израилы паддзах куы сси, уӕд ӕмӕ паддзахиуӕг кодта дыууӕ азы. Давиды фарс та ӕрмӕст Иудӕйы хӕдзарвӕндаг уыди.
Цалынмӕ Саулы хӕдзар ӕмӕ Давиды хӕдзар кӕрӕдзиимӕ хӕцыдысты, уӕдмӕ Авнерӕн Саулы хӕдзарыл йӕ бар тынгӕй-тынгдӕр цыди.
Бениамины хӕдзарвӕндагӕй, Саулы ӕрвадӕлтӕй, ӕрцыд ӕртӕ мины. Уӕды онг адонӕн сӕ фылдӕр Саулы хӕдзары фарсхӕцджытӕ уыдысты.
Ефремы хӕдзарвӕндагӕй ӕрцыди ссӕдз мин астсӕдӕ ӕхсарджын хӕстоны, сӕ мыггӕгты номдзыд лӕгтӕ.
йӕ царды бонтӕ фӕцыбыр уӕнт, йӕ бынат та йын бацахсӕд ӕндӕр;
Асиры байзӕддӕгтӕ, ссӕдзаздзыд ӕмӕ уымӕй хистӕр хӕстхъом нӕлгоймӕгтӕ се ’ппӕт дӕр, фӕстаг лӕджы онг, бинонты ӕмӕ хӕдзарвӕндӕгты номхыгъдты фыст ӕрцыдысты.
Ефремы байзӕддаджы мыггӕгтӕ цы зӕххытӕ райстой, уыдоны хуссайраг арӕн скӕсӕнӕрдыгӕй райдыдта Атрот-Аддарӕй ӕмӕ ныгуылӕнӕрдӕм йӕхи айтыгъта Уӕллаг Бет-Хороны онг.
Таппуахӕй арӕн йӕхи айтыгъта ныгуылӕнӕрдӕм, Канайы тӕрфы уылты, ӕмӕ йӕ кӕрон ӕрлӕууыди Зӕххастӕуы денджызыл. Ахӕм уыдис Ефремы байзӕддаджы фыдӕй-фыртмӕйы исбон мыггаггай.
Ноджы ма сын Менассиайы байзӕддаджы зӕххыл дихгонд ӕрцыдысты сахартӕ сӕ алыварс хъӕутимӕ.
Йӕ хал схаудта Йосефы фыццаг зӕнӕг Менассиайы хӕдзарвӕндагӕн дӕр. Менассиайы фыццаг зӕнӕг Махирӕн — Галаады фыдӕн — йӕ байзӕддӕгтӕ хъӕбатыр хӕстонтӕ кӕй уыдысты, уымӕ гӕсгӕ сӕ хай — Галаад ӕмӕ Башан — райстой раздӕр.
Фыццаг схаудта Бениамины хӕдзарвӕндаджы мыггӕгты хал. Йӕ зӕххыты хай уыди Иудӕйы байзӕддаджы ӕмӕ Йосефы байзӕддаджы зӕххыты ’хсӕн.
Ацы зӕххытӕ сӕ алыварс арӕнтимӕ уыдысты Бениамины байзӕддӕгты, се ’ппӕт мыггӕгты фыдӕй-фыртмӕйы исбон.
Сӕ зӕххы хаймӕ хаудтой Изреел, Кесуллот, Шунем,
Рувим ӕмӕ Гады байзӕддӕгтӕ, стӕй Менассиайы хӕдзарвӕндаджы ӕмбис Ханааны сахар Силомӕй, се ’фсымӕр израилӕгты цурӕй, аздӕхтысты Галаадмӕ, сӕ зӕхмӕ, Дунедарӕг сын Моисейы уылты цы бардзырд радта, уымӕ гӕсгӕ кӕй бацахстой, уырдӕм.
Асиры фӕдонтӕ уыцы бӕстӕйы ханаанӕгты ’хсӕн ӕрцардысты, уымӕн ӕмӕ сӕ нӕ басастой.
Филистимӕгтӕ се ’ппӕт ӕфсад дӕр ӕрӕмбырд кодтой Афекмӕ, израилӕгтӕ та Изреелы сахармӕ хӕстӕг, суадоны цур, рӕсӕнуаты ӕрлӕууыдысты.