8 Уӕдмӕ Неры фырт Авнер, Саулы ӕфсады разамонӕг, Саулы фырт Йевосфеты ӕрбакодта Маханаиммӕ
Йаков сӕ куы федта, уӕд загъта: «Ай у Хуыцауы рӕсӕнуат!» Ӕмӕ уыцы бынат схуыдта Маханаим.
Йаков йӕ разӕй йе ’фсымӕр Исавмӕ арвыста минӕвӕрттӕ Сеиры зӕхмӕ, Едомы бӕстӕм.
Давид бахӕццӕ ис Маханаиммӕ. Авессалом дӕр, израилӕгтӕй йемӕ чи уыд, уыдонимӕ бахызт Иорданы фаллаг фарсмӕ.
Авнер ӕмӕ йӕ адӕм ӕхсӕв-бонмӕ фӕцыдысты Иорданы дӕлвӕзы, ахызтысты Иорданыл, ӕгас Битроныл сӕ фӕндаг акодтой ӕмӕ бахӕццӕ сты Маханаиммӕ.
Ныр уӕхиуыл фӕхӕцут ӕмӕ фидар лӕуут, уымӕн ӕмӕ уӕ паддзах Саул фӕмард ис, мӕн та Иудӕйы хӕдзарвӕндаг йӕхицӕн паддзахӕй байсӕрста».
Паддзах йӕ дӕлдӕртӕн загъта: «Абон Израилы стыр ӕфсады хицау кӕй амарди, уый зонут.
Цалынмӕ Саулы хӕдзар ӕмӕ Давиды хӕдзар кӕрӕдзиимӕ хӕцыдысты, уӕдмӕ Авнерӕн Саулы хӕдзарыл йӕ бар тынгӕй-тынгдӕр цыди.
Бениамины хӕдзарвӕндагӕй, Саулы ӕрвадӕлтӕй, ӕрцыд ӕртӕ мины. Уӕды онг адонӕн сӕ фылдӕр Саулы хӕдзары фарсхӕцджытӕ уыдысты.
Ефремы хӕдзарвӕндагӕй ӕрцыди ссӕдз мин астсӕдӕ ӕхсарджын хӕстоны, сӕ мыггӕгты номдзыд лӕгтӕ.
Нерӕй райгуырди Киш; Кишӕй райгуырди Саул; Саулӕй райгуырдысты Ионатан, Малкишуа, Авинадав ӕмӕ Ешбаал.
Гады хӕдзарвӕндагӕй — ӕмбӕхсӕн сахар Рамот йӕ алыварс сӕрвӕттимӕ Галаады, стӕй Маханаим йӕ алыварс сӕрвӕттимӕ;
Йӕ ус — Ахимаацы чызг Ахиноам. Йе ’фсады хицау хуынди Авнер. Уый уыди Саулы фыды ’фсымӕр Неры фырт.
Саул филистимаджы ныхмӕ рацӕугӕ куы федта Давиды, уӕд йе ’фсады хицау Авнеры бафарста: «Авнер, кӕй фырт у уыцы лӕппу?» Авнер ын дзуапп радта: «Паддзах цӕра, нӕ йӕ зонын».
стӕй ныхъхъӕр кодта Саулы ӕфсады ’рдӕм, Неры фырт Авнермӕ: «Дзуапп мын ратт, Авнер!» Дзуапп радта Авнер: «Чи дӕ уый? Куыд бауӕндыдтӕ паддзахмӕ ныхъхъӕр кӕнын?»