Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




2 Паддзахӕдтӕ 2:7 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

7 Ныр уӕхиуыл фӕхӕцут ӕмӕ фидар лӕуут, уымӕн ӕмӕ уӕ паддзах Саул фӕмард ис, мӕн та Иудӕйы хӕдзарвӕндаг йӕхицӕн паддзахӕй байсӕрста».

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




2 Паддзахӕдтӕ 2:7
12 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Ацы хабӕрттӕ куы ӕрцыдысты, уый фӕстӕ Дунедарӕг Авраммӕ ӕргом рацыд ӕмӕ йын загъта: «Ма тӕрс, Аврам! Ӕз дӕ хъахъхъӕнын уартау. Стыр уыдзӕни дӕ хӕрзиуӕг».


Фидар лӕуу! Махӕн нӕ хӕс у нӕ адӕмы ӕмӕ нӕ Хуыцауы сахарты сӕраппонд схӕцын ӕмӕ, Дунедарӕг цы зӕгъа, уый уӕд».


Ныр уӕ Дунедарӕджы хорзӕх уыдзӕн, ӕмӕ уыл Йӕ зӕрдӕ не сивдзӕн. Ӕз дӕр уын уӕ хорз хорзӕй бафиддзынӕн.


Уӕдмӕ Неры фырт Авнер, Саулы ӕфсады разамонӕг, Саулы фырт Йевосфеты ӕрбакодта Маханаиммӕ


Израилы хистӕртӕ ӕмхуызонӕй паддзахмӕ Хевронмӕ ӕрбацыдысты. Уым, Дунедарӕджы раз, паддзах Давид семӕ фидыд сарӕзта, ӕмӕ йӕ Израилӕн паддзахӕй байсӕрстой.


Сауджын паддзахы фырты ӕддӕмӕ ракодта, паддзахы худ ыл ӕркодта ӕмӕ йын радта паддзахиуӕджы ӕвдисӕндар. Уый фӕстӕ йӕ байсӕрста ӕмӕ йӕ расидти паддзахӕй. Иууылдӕр ын нымдзӕгъд кодтой ӕмӕ цинхъӕр самадтой: «Ӕгас цӕуӕд паддзах!»


Радзырдтон сын, мӕ Хуыцау мыл Йӕ рӕстаудӕг арм кӕй дары, уый тыххӕй, стӕй сын паддзахы ныхӕстӕ дӕр рафӕзмыдтон. Уыдон загътой: «Аразынмӕ бавналӕм», ӕмӕ фарны хъуыддагмӕ сӕхи рацӕттӕ кодтой.


Къӕрцхъус ут, фидар уырнындзинад уӕм уӕд, ӕхсарджын ӕмӕ хъӕддых ут.


Ӕппынфӕстаг, ме ’фсымӕртӕ, удвидар кӕнут Бардарӕгимӕ, Йӕ хъомыс ӕмӕ Йӕ хъаруйы фӕрцы.


ӕмӕ се ’хсарджынтӕ ӕмхуызонӕй Бет-Шеанмӕ фӕдисы ацыдысты. Ӕнӕхъӕн ӕхсӕв фӕцыдысты ӕмӕ Бет-Шеаны сисӕй Саул ӕмӕ йӕ фыртты мӕрдтӕ ӕристой. Ӕрбахастой сӕ Иавешмӕ ӕмӕ сӕ уым басыгътой,


Изреелы дӕлвӕз ӕмӕ Иорданы фале цӕрӕг израилӕгтӕ куы федтой, Израилы ӕфсад дӕрӕнгонд ӕрцыди, Саул ӕмӕ йӕ фырттӕ та фӕмард сты, уый, уӕд сӕ сахартӕй фӕлидзӕг сты. Филистимӕгтӕ бацыдысты ӕмӕ сӕ бацахстой.


Фидар лӕуут ӕмӕ уе ’хсар равдисут, филистимӕгтӕ, ӕмӕ дзуттӕгтӕн сӕ цагъартӕ ма суат, уыдон сымахӕн цагъар куыд сты, афтӕ. Семӕ тохы бацӕут — уӕ лӕджыхъӕд ӕмӕ уӕхӕдӕг!»


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ