6 Ныр уӕ Дунедарӕджы хорзӕх уыдзӕн, ӕмӕ уыл Йӕ зӕрдӕ не сивдзӕн. Ӕз дӕр уын уӕ хорз хорзӕй бафиддзынӕн.
Давид загъта: «Нахаш мын хорзы кӕй бацыд, уый тыххӕй йын йӕ фырт Хануны зӕрдӕ хъуамӕ истӕмӕй барухс кӕнон». Ӕмӕ арвыста йӕ дӕлдӕрты Ханунӕн йӕ фыды тыххӕй тӕфӕрфӕс ракӕнынмӕ. Давиды дӕлдӕртӕ фӕцыдысты аммонӕгты зӕхмӕ.
Нырма знон ӕрбацыдтӕ, ӕмӕ дӕ абон ӕз дӕ бынатӕй куыд фӕхауӕггаг кӕнон? Кӕдӕм цӕуын, уый ӕз мӕхӕдӕг дӕр куы нӕ зонын. Аздӕх фӕстӕмӕ ӕмӕ дӕ хиуӕтты дӕр демӕ акӕн. Дунедарӕджы хорзӕх дӕ уӕд ӕмӕ Йӕ фӕдзӕхст у!»
Ныр уӕхиуыл фӕхӕцут ӕмӕ фидар лӕуут, уымӕн ӕмӕ уӕ паддзах Саул фӕмард ис, мӕн та Иудӕйы хӕдзарвӕндаг йӕхицӕн паддзахӕй байсӕрста».
Паддзах та йӕ бафарста: «Ау, Саулы бинонтӕй иу дӕр нал ис? Хуыцауы хорзӕх мӕ куы уаид, уӕд ын ӕз баххуыс кӕнин». Цива йын дзуапп радта: «Ионатанӕн ма иу къуылых лӕппу баззад».
Давид ын загъта: «Ма тӕрс. Дӕ фыд Ионатаны сӕр хъуыды кӕнгӕйӕ, ӕз дӕуӕн ӕнӕмӕнг хорзы бацӕудзынӕн. Дӕ фыды фыд Саулы зӕххытӕ дын иууылдӕр фӕстӕмӕ ратдзынӕн, дӕхӕдӕг та кӕддӕриддӕр мемӕ ӕмвынг уыдзынӕ».
Уӕ мидзӕрдӕйы фыдвӕндтӕ нывӕндут, зӕххыл уӕ къухтӕ аразынц тыхми.
Моисейы рӕзты ацыди ӕмӕ расидти: «О Дунедарӕг, Дунедарӕг, тӕригъӕдгӕнаг, хӕларзӕрдӕ, бирӕбыхсаг, бараг ӕмӕ иузӕрдион Хуыцау.
Фыдвӕндтӕ чи аразы, уымӕн йӕ фӕндаг ныссуйтӕ уыдзӕн, хорз хъуыддӕгтӕ чи кӕны, уыимӕ сты рӕстдзинад ӕмӕ ӕцӕгдзинад.
Ӕз уӕ ӕрвитын, фысты бирӕгъты ӕхсӕнмӕ куыд ӕрвитай, уыйау. Уӕдӕ кӕлмытау ут зондджын ӕмӕ бӕлонау ут ӕнӕхин.
Ӕз та уын зӕгъын: уарзут уе знӕгты ӕмӕ кувут уе ’фхӕрджыты тыххӕй.
Тӕхудиаг сты баронтӕ — Хуыцау сын сӕхицӕн дӕр ныббардзӕн.
Сгарджытӕ йын загътой: «Хуыцауы фыдӕх нӕ баййафӕд, искӕй сӕрӕй уӕ ӕрду дӕр куы ӕрхауа, уӕд. Ӕрмӕст ам кӕй стӕм, уый ма схъӕр кӕнут. Дунедарӕг нын ацы зӕхх куы ратта, уӕд нӕ дзырд нӕ фӕсайдзыстӕм, хорзы дын бацӕудзыстӕм».
Наоми йӕ чындзытӕн загъта: «Цӕут, алчидӕр уӕ йӕ цӕгатмӕ аздӕхӕд. Сымах мӕ хъӕбултӕн ӕмӕ мӕнӕн цас хӕрзты бацыдыстут, Дунедарӕг уын уыйас хӕрзтӕ схай кӕнӕд!