Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




2 Паддзахӕдтӕ 2:4 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

4 Иудейӕгтӕ Хевронмӕ ӕрбацыдысты ӕмӕ Давиды Иудӕйы хӕдзарвӕндагӕн паддзахӕй байсӕрстой. Давидӕн рахабар чындӕуыди, галаадаг Иавешы цӕрджытӕ Саулы мард бавӕрдтой, зӕгъгӕ.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




2 Паддзахӕдтӕ 2:4
16 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Израилӕгты ныхӕстӕ паддзахмӕ фӕхӕццӕ сты, ӕмӕ Давид арвыста сауджынтӕ Цадок ӕмӕ Авиафарӕн бафӕдзӕхсынмӕ: «Иудӕйы хистӕртӕн зӕгъут: „Паддзахы йӕ хӕдзармӕ раздахыны хъуыддаджы уӕ фӕсте баззайын цӕмӕн фӕнды?


Иудейӕгтӕ сын дзуапп радтой: «Уымӕн ӕмӕ паддзах махӕн хиондӕр у. Уӕвгӕ ууыл та цы маст кӕнут? Паддзахы хардзӕй минас, мыййаг, фӕкодтам, ӕви нын паддзах исты лӕвӕрттӕ ракодта?»


Давид Иудӕйы хӕдзарвӕндагӕн Хевроны паддзахиуӕг кодта авд азы ӕмӕ ӕхсӕз мӕйы.


Ныр уӕхиуыл фӕхӕцут ӕмӕ фидар лӕуут, уымӕн ӕмӕ уӕ паддзах Саул фӕмард ис, мӕн та Иудӕйы хӕдзарвӕндаг йӕхицӕн паддзахӕй байсӕрста».


Давидӕн радзырдтой, Саулы номылус Рицпа, Айайы чызг, цы бакодта, уый.


Давид ацыди ӕмӕ галаадаг Иавешы цӕрджытӕй райста Саул ӕмӕ йӕ фырт Ионатаны стджытӕ. Хъуыддаг уый мидӕг ис, ӕмӕ филистимӕгтӕ Гилбоайы цур Саулы ӕфсадыл куы фӕуӕлахиз сты, уӕд Саул ӕмӕ Ионатаны мӕрдтӕ Бет-Шеаны сахары фӕзы ӕрцауыгътой, ӕмӕ сӕ Иавешы цӕрджытӕ уырдыгӕй радавтой.


Филистимӕгтӕ фехъуыстой, Давиды Израилӕн паддзахӕй кӕй байсӕрстой, уый ӕмӕ ӕмхуызонӕй йӕ агурӕг фӕраст сты, ӕрцахсӕм ӕй, зӕгъгӕ. Давид уый куы базыдта, уӕд фидары бацыд.


Израилы хистӕртӕ ӕмхуызонӕй паддзахмӕ Хевронмӕ ӕрбацыдысты. Уым, Дунедарӕджы раз, паддзах Давид семӕ фидыд сарӕзта, ӕмӕ йӕ Израилӕн паддзахӕй байсӕрстой.


Хевроны авд азы ӕмӕ ӕхсӕз мӕйы дӕргъы паддзахиуӕг кодта Иудӕйӕн, Йерусалимы та — ӕппӕт Израил ӕмӕ Иудӕйы — ӕртындӕс ӕмӕ ссӕдз азы.


Сауджын паддзахы фырты ӕддӕмӕ ракодта, паддзахы худ ыл ӕркодта ӕмӕ йын радта паддзахиуӕджы ӕвдисӕндар. Уый фӕстӕ йӕ байсӕрста ӕмӕ йӕ расидти паддзахӕй. Иууылдӕр ын нымдзӕгъд кодтой ӕмӕ цинхъӕр самадтой: «Ӕгас цӕуӕд паддзах!»


Галаады сахар Иавешы цӕрджытӕ фехъуыстой, филистимӕгтӕ Саулӕн цы ӕбуалгъ митӕ бакодтой, уый,


Израилы хистӕртӕ ӕмхуызонӕй паддзахмӕ Хевронмӕ ӕрцыдысты. Уым, Дунедарӕджы раз, паддзах Давид семӕ фидыд сарӕзта, ӕмӕ йӕ Израилӕн паддзахӕй байсӕрстой. Афтӕ сӕххӕст ис, Дунедарӕг Самуелы дзыхы кӕй бавӕрдта, уыцы ныхас.


Мӕнӕ, Давидмӕ Хевроны сахармӕ цы хӕстифтонг къордтӕ ӕрцыд, уыдоны хыгъд. Ӕрцыдысты йӕм, цӕмӕй йӕ Саулы бӕсты сӕвӕрой паддзахӕй, Дунедарӕг куыд бафӕдзӕхста, афтӕ.


Самуел сойы сыкъа райста ӕмӕ Давиды йе ’фсымӕрты раз байсӕрста. Уыйадыл Дунедарӕджы Уд ӕртыхсти Давидыл ӕмӕ уыцы бонӕй фӕстӕмӕ уыди йемӕ. Самуел та аздӕхти Рамамӕ.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ