29 Авнер ӕмӕ йӕ адӕм ӕхсӕв-бонмӕ фӕцыдысты Иорданы дӕлвӕзы, ахызтысты Иорданыл, ӕгас Битроныл сӕ фӕндаг акодтой ӕмӕ бахӕццӕ сты Маханаиммӕ.
Уӕдмӕ Неры фырт Авнер, Саулы ӕфсады разамонӕг, Саулы фырт Йевосфеты ӕрбакодта Маханаиммӕ
Цалынмӕ нӕма сбон ис ӕмӕ аууӕттӕ нӕ фӕцыдӕр сты, уӕдмӕ саг кӕнӕ сычъийау хӕхты цъассытыл лидзгӕ кӕн, мӕ уарзон!
Йоав Авнеры сурын куы ныууагъта, уӕд ӕрбамбырд кодта йӕ адӕмы. Давиды хӕстонтӕй, Асаелы нӕ нымайгӕйӕ, фӕхъуыди нудӕс лӕджы,
Уыдон мидӕмӕ бацыдысты. Йевосфет хуыссыди йӕ сынтӕджы. Ныррӕхуыстой йӕ ӕмӕ йӕ амардтой, йӕ сӕр ын ракодтой ӕмӕ йӕ семӕ рахастой. Иорданы дӕлвӕзы ӕхсӕв-бонмӕ фӕцыдысты.