Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




2 Паддзахӕдтӕ 2:27 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

27 Йоав ын дзуапп радта: «Хуыцауӕй ард хӕрын, уыцы ныхӕстӕ раздӕр куы загътаис, уӕд мӕ адӕм абон сӕумӕйӕ ныууагътаиккой се ’фсымӕрты цӕгъдын».

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




2 Паддзахӕдтӕ 2:27
11 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Уӕд Авнер Йоавмӕ дзуры: «Рахизӕнт-ма фӕсивӕд ӕмӕ сӕ тыхтӕ бавзарӕнт нӕ цуры». Йоав загъта: «Рахизӕнт».


Авнер ныхъхъӕр кодта Йоавмӕ: «Нӕ кӕрдтӕ туджы кӕдмӕ ӕвдулдзыстӕм? Хорз ӕй куы зоныс, хъуыддаг цӕмӕ цӕуы, уый? Кӕд ӕрдомдзынӕ дӕ адӕмӕй, цӕмӕй се ’фсымӕрты фӕдыл мауал зилой?»


Йоав сыкъауадындзӕй ныууасын кодта, ӕмӕ йӕ адӕм ӕрлӕууыдысты, сӕ хӕцын ныууагътой, израилӕгты фӕсте нал сырдтой.


«Цардӕгас у Хуыцау, раст тӕрхоны аккаг мӕ Чи не скодта, Цардӕгас у Ӕппӕтхъомыс, хъизӕмӕртты хай мӕ Чи фӕкодта!


Сабыр ныхас маст уромы, цӕхгӕр ныхас загъд къахы.


Загъд райдыдта — донмарӕн ратыдта; цалынмӕ нӕ сабухта, уӕдмӕ дӕхи ’рсабыр кӕн.


Фӕндтӕ кӕнгӕйӕ, искӕимӕ уынаффӕ кӕн; тӕрхӕтты фӕстӕ тохы бацу.


Дзырдтай, ӕнусмӕ уыдзынӕн ӕхсин, фӕлӕ, райсом цы уыдзӕни, ууыл хъуыды дӕр нӕ кодтай.


Дунедарӕг дӕ абон бахызта, ме ’лдар, туг ныккалыны тӕригъӕдӕй, дӕ маст дӕхи къухӕй райсынӕй. Ме ’лдар, сомы кӕнын Дунедарӕгӕй ӕмӕ дӕуӕй, Навалы хал ахӕрдзысты де знӕгтӕ, ме ’лдары ныхмӕ фыдвӕндтӕ аразджытӕ.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ