Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




2 Паддзахӕдтӕ 2:26 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

26 Авнер ныхъхъӕр кодта Йоавмӕ: «Нӕ кӕрдтӕ туджы кӕдмӕ ӕвдулдзыстӕм? Хорз ӕй куы зоныс, хъуыддаг цӕмӕ цӕуы, уый? Кӕд ӕрдомдзынӕ дӕ адӕмӕй, цӕмӕй се ’фсымӕрты фӕдыл мауал зилой?»

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




2 Паддзахӕдтӕ 2:26
17 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Давид ӕрвыст лӕгӕн загъта: «Уӕдӕ зӕгъ Йоавӕн: „Цы ’рцыди, уый тыххӕй дӕхимӕ ма ныхъхъус. Цирхъ, кӕй йӕ фӕнды, уый бабын кӕны. Фӕкарздӕр кӕн дӕ тох ӕмӕ уыцы сахар ныффалгӕрон кӕн“. Афтӕ йын фӕфидар кӕн йӕ зӕрдӕ».


Уӕд Авнер Йоавмӕ дзуры: «Рахизӕнт-ма фӕсивӕд ӕмӕ сӕ тыхтӕ бавзарӕнт нӕ цуры». Йоав загъта: «Рахизӕнт».


Кӕрӕдзийы сӕртӕм фӕлӕбурдтой, кӕрӕдзийы фӕрсты сӕ кӕрдтӕ ныссагътой ӕмӕ иумӕ ӕрхаудысты. Уӕдӕй фӕстӕмӕ уыцы бынат хонынц Хелкат-Цурим, ис Гивоны цур.


Бениамины байзӕддӕгтӕ та Авнеры алыварс цӕлхӕмбырдӕй ӕрлӕууыдысты иннӕ къуылдымыл.


Йоав ын дзуапп радта: «Хуыцауӕй ард хӕрын, уыцы ныхӕстӕ раздӕр куы загътаис, уӕд мӕ адӕм абон сӕумӕйӕ ныууагътаиккой се ’фсымӕрты цӕгъдын».


«Цы пайда ис дзӕгъӕл ныхӕстӕй? Ахъуыды уал кӕнут, ӕмӕ стӕй дзурдзыстӕм.


«Кӕдмӕ мӕ удхарӕй мардзыстут, уӕ ныхӕстӕй мын мӕ зӕрдӕ кӕдмӕ къахдзыстут?


О Хуыцау, фехъус мын мӕ хъӕр! Ӕрмӕстдӕр мӕ Ды сраст кӕндзынӕ! Ды-иу мӕ фервӕзын кодтай уынгӕджы заман. Батӕригъӕд кӕн ӕмӕ мын айс мӕ куывд!


Загъд райдыдта — донмарӕн ратыдта; цалынмӕ нӕ сабухта, уӕдмӕ дӕхи ’рсабыр кӕн.


Мӕ коммӕ куы нӕ бакӕсат ӕмӕ хивӕнд митыл куы схӕцат — карды амӕттаг бауыдзыстут. Уый зӕгъын Ӕз — Дунедарӕг».


Гӕныстонгӕнджытӕ фӕцӕуынц ӕдзӕрӕг быдыры къуыбыртыл, Дунедарӕджы кард ӕгас зӕхх ныхъуыры, ӕмӕ иу уд дӕр ӕнцой нал зоны.


Уӕ фыртты уын Ӕз дзӕгъӕлы ӕфхӕрдтон: уӕддӕр Мын Мӕ фӕдзӕхстытӕм нӕ хъуыстой. Ӕгъатыр домбайау уӕ кард уӕ пехуымпарты аныхъуырдта!


Тырысатӕм кӕдмӕ кӕсдзынӕн, сыкъауадындзты уасынмӕ кӕдмӕ хъусдзынӕн?


Дунедарӕджы, Уӕларвӕфсады Бардарӕджы, мастисӕн бон ралӕууыд, ӕмӕ Йе знӕгтӕй Йӕ маст райсдзӕни. Йӕ фыдгулты Йын кард аныхъуырдзӕн, бафсӕддзӕн сӕ тугӕй! Уымӕн ӕмӕ Дунедарӕгӕн, Уӕларвӕфсады Бардарӕгӕн, нывонд ӕрхастӕуыд цӕгатаг бӕстӕйы, Евфраты доны был.


Радзурут Мысыр ӕмӕ Мигдолы, Ноф ӕмӕ Тахпанхесы расидут: «Сыстут, ӕрцӕттӕ кӕнут уӕхи: уӕ алыварс кард алцы ныхъуыры!»


Сӕ сахартӕ карды амӕттаг бауыдзысты, сӕ кулдуӕртты ӕвдузӕнтӕ сын ныппырх кӕндзысты, сӕ фыдвӕндтӕн кӕрон ӕрцӕудзӕни.


Дыккаг бон дзуттӕгты кӕрӕдзийы нӕмгӕ куы федта, уӕд сӕм бацыд ӕмӕ сӕ фидауын кодта: „Ӕфсымӕртӕ куы стут, кӕрӕдзийы хъыджы цӕмӕн цӕут?“


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ