Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




2 Паддзахӕдтӕ 2:23 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

23 Фӕлӕ уый нӕ састи. Уӕд Авнер йӕ арц фӕстӕрдӕм фӕзылдта ӕмӕ йын дзы йӕ гуыбын барӕхуыста. Арц иннӕрдӕм ахызт, Асаел уыцы ран ахауди ӕмӕ йӕ уд систа. Асаел кӕм фӕмард, уырдӕм-иу чи бахӕццӕ, уыдон-иу дзыхълӕуд фӕкодтой.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




2 Паддзахӕдтӕ 2:23
7 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Йоав ӕмӕ Авишай фӕсте асырдтой Авнеры ӕмӕ хурныгуылдмӕ схӕццӕ сты, Гивоны ӕдзӕрӕг быдырмӕ фӕндагыл Гиахы акомкоммӕ цы къуылдым ис, Амма, зӕгъгӕ, уырдӕм.


Амаса йын йӕ иннӕ къухы кард нӕ фӕхъуыды кодта, ӕмӕ йын ӕй Йоав йӕ гуыбыны ныссагъта. Амасайӕн йӕ хуылфыдзаумӕттӕ зӕхмӕ ӕркалдысты ӕмӕ амарди, дыккаг цӕфы сӕр ӕй нал бахъуыд. Йоав ӕмӕ йе ’фсымӕр Авишай дарддӕр атындзыдтой Бихрийы фырт Савейы фӕдыл.


Авнер Хевронмӕ фӕстӕмӕ куы баздӕхти, уӕд ӕй Йоав кулдуарӕй фӕмидӕг кодта, цыма йын аивӕй цыдӕр зӕгъынмӕ хъавыд, уый хуызӕн ӕмӕ йын уым йӕ гуыбын барӕхуыста, йе ’фсымӕр Асаелы туг дзы райста.


Йоав ӕмӕ йе ’фсымӕр Авишай та Авнеры, се ’фсымӕр Асаелы сын кӕй амардта Гивоны хӕсты, уый тыххӕй амардтой.


Дуаргӕрон хор цы сылгоймаг ӕвзӕрста, уый афынӕй ӕмӕ Рехав ӕмӕ йе ’фсымӕр Баанайы нӕ бафиппайдта.


Паддзах йӕ хӕстонтимӕ араст Йерусалиммӕ, уымы цӕрӕг йевусӕгты ныхмӕ хӕцынмӕ. Уыдон Давидӕн загътой: «Нӕ дын бантысдзӕн ардӕм ӕрбацӕуын, цалынмӕ куырмытӕ ӕмӕ къуылыхты ардыгӕй аиуварс кӕнай, уӕдмӕ». Уыдон афтӕ ӕнхъӕл уыдысты, Давид сахармӕ нӕ бацӕудзӕн.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ