Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




2 Паддзахӕдтӕ 2:19 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

19 Йӕ разӕй айста Авнеры ӕмӕ йӕ фӕсте сурын райдыдта, йӕ фӕндагӕй нӕдӕр галиуӕрдӕм здӕхт, нӕдӕр рахизӕрдӕм.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




2 Паддзахӕдтӕ 2:19
9 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Хӕцӕны уыдысты Церуайы ӕртӕ фырты дӕр: Йоав, Авишай ӕмӕ Асаел. Сычъийау рӕувад уыди Асаел.


Авнер фӕстӕмӕ фӕкасти ӕмӕ дзуры: «Уый ды дӕ, Асаел?» — «Ӕз дӕн», — дзуапп радта уый.


«Исчердӕм фӕзил, — загъта йын Авнер, — лӕппутӕй искӕй ӕрцахс ӕмӕ йын йӕ хотыхтӕ дӕхицӕн байс». Фӕлӕ Асаелы нӕ бафӕндыд Авнеры ауадзын.


Авнер Хевронмӕ фӕстӕмӕ куы баздӕхти, уӕд ӕй Йоав кулдуарӕй фӕмидӕг кодта, цыма йын аивӕй цыдӕр зӕгъынмӕ хъавыд, уый хуызӕн ӕмӕ йын уым йӕ гуыбын барӕхуыста, йе ’фсымӕр Асаелы туг дзы райста.


Йоав ӕмӕ йе ’фсымӕр Авишай та Авнеры, се ’фсымӕр Асаелы сын кӕй амардта Гивоны хӕсты, уый тыххӕй амардтой.


Иосиа кодта Дунедарӕджы фӕндон хъуыддӕгтӕ. Алцӕмӕй дӕр фӕзмыдта йӕ фыдӕл Давиды, йӕхи дзы нӕдӕр рахизӕрдӕм, нӕдӕр галиуӕрдӕм здахгӕйӕ.


Дӕ фӕндагыл дыууӕрдӕм ма кӕн, ӕвзӕрдзинадӕй дӕхи хиз.


Уӕдӕ фидар лӕуу ӕмӕ ма фӕтас! Дӕхи хъар, Мӕ цагъар Моисей дын цы Ӕгъдау бафӕдзӕхста, уый ӕнӕхъӕнӕй ӕххӕст кӕныныл! Мадӕр дзы рахизӕрдӕм ахиз, мадӕр галиуӕрдӕм, ӕмӕ уӕд дӕ аразинӕгтӕ иууылдӕр дӕ къухы ӕфтдзысты.


Уымӕ гӕсгӕ уӕхи хъарут, Моисейы Ӕгъдауы чиныджы цыдӕриддӕр фыст ис, уыдӕттӕ ӕнӕхъӕнӕй ӕххӕст кӕныныл, мадӕр дзы рахизӕрдӕм ахизут, мадӕр галиуӕрдӕм.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ