Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




2 Паддзахӕдтӕ 2:18 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

18 Хӕцӕны уыдысты Церуайы ӕртӕ фырты дӕр: Йоав, Авишай ӕмӕ Асаел. Сычъийау рӕувад уыди Асаел.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




2 Паддзахӕдтӕ 2:18
19 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Уарзон ӕмӕ цытджын Саул! Уарзон ӕмӕ цытджын Ионатан! Сӕ удӕгасӕй дӕр кӕрӕдзийӕ нӕ хицӕн кодтой, ӕмӕ сӕ мӕлӕт дӕр нӕ ахицӕн кодта. Уыдон цӕргӕсӕй цӕрдӕгдӕр уыдысты, уыдон домбайӕ домбайдӕр уыдысты!


Церуайы фырт Йоав бафиппайдта, паддзахы зӕрдӕ Авессаломмӕ кӕй фӕфӕлмӕн ис, уый.


Йӕ разӕй айста Авнеры ӕмӕ йӕ фӕсте сурын райдыдта, йӕ фӕндагӕй нӕдӕр галиуӕрдӕм здӕхт, нӕдӕр рахизӕрдӕм.


саджы цӕрдӕгдзинад ратты мӕ къӕхтӕн, бӕрзӕндтыл мӕ ӕрлӕууын кӕны фидарӕй.


Бӕгъатыр хӕстонтыл нымад уыдысты: Йоавы ӕфсымӕр Асаел; Додойы фырт Елханан, вифлеемаг;


Ноджы ма дын зӕгъын, — дзырдта дарддӕр Давид, — дӕ зӕрдыл дар, иу хатт мын Церуайы фырт Йоав цы бакуыста, Израилы ӕфсады дыууӕ фӕтӕджы — Неры фырт Авнеры ӕмӕ Йетеры фырт Амасайы — куыд амардта, уый. Фидыды заман ныккалдта туг, цыма хӕсты заман уыд, афтӕ ӕмӕ уыцы тугӕй самӕста йӕ рон ӕмӕ йӕ къахыдарӕс — фӕчъизи кодта йӕ хӕстон намыс.


Бӕгъатыр хӕстонтыл нымад уыдысты: Йоавы ӕфсымӕр Асаел; Додойы фырт Елханан, вифлеемаг;


Гады хӕдзарвӕндагӕй Давидимӕ ӕдзӕрӕг быдыры фидары баиу сты ӕхсарджын, тохвӕлтӕрд хӕстонтӕ, арц ӕмӕ уартӕй ифтонг, домбӕйттау — сӕ бакаст, сычъитау хӕхтыл уадысты цӕрдӕг.


Сӕ хистӕр — Езер, дыккаг — Овади, ӕртыккаг — Елиав,


Цыппӕрӕм мӕйы къорды хицау — Йоавы ӕфсымӕр Асаел, фӕстӕдӕр ӕй аивта йӕ фырт Зевадиа; уыди йӕм цыппар ӕмӕ ссӕдз мин хӕстоны.


Ноджы ма иу хъуыддаг федтон зӕххыл: тагъд чи згъоры, уый дугъы уӕлахиз нӕ кӕны; хӕсты, тыхджын чи у, уый нӕ рамбулы; куырыхонтӕм хойраг нӕй, зонджынтӕм — мулк; курдиат кӕмӕ ис, уымӕн аргъ ничи кӕны. Алкӕмӕн дӕр ис йӕхи рӕстӕг ӕмӕ хуыздӕр фадат.


Цалынмӕ нӕма сбон ис ӕмӕ аууӕттӕ нӕ фӕцыдӕр сты, уӕдмӕ саг кӕнӕ сычъийау хӕхты цъассытыл лидзгӕ кӕн, мӕ уарзон!


— О, лидзгӕ кӕн, мӕ уарзон! Хӕрздӕфгӕнаг кӕрдӕджытӕ цы хӕхтыл зайынц, уыдоны сӕрты саг кӕнӕ сычъийау азгъор!


Цӕрдӕг нӕ алидздзӕн, тыхджынӕн фесӕфдзӕн йӕ хъару, нӕ фервӕздзӕн хъӕбатыр.


Дунедарӕг Хуыцау — мӕ хъару! Мӕ къӕхтӕ мын саджы хуызӕн сфидар кӕндзӕн, ахондзӕн мӕ нӕ хӕхты бӕрзӕндтӕм! [Зарджыты къорды разамонӕгӕн: хъисфӕндырты цагъдимӕ.]


Давид загъта хеттаг Ахимелехӕн ӕмӕ Церуайы фырт Авишайӕн, Йоавы ӕфсымӕрӕн: «Мемӕ Саулы рӕсӕнуатмӕ чи ныццӕудзӕн?» Авишай йын дзуапп радта: «Ӕз ныццӕудзынӕн демӕ».


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ