Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




2 Паддзахӕдтӕ 2:13 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

13 Церуайы фырт Йоав та рацыди Давиды хӕстонтимӕ. Гивоны цады цур фембӕлдысты, ӕмӕ иудейӕгтӕ цадӕн йӕ иу фарс ӕрлӕууыдысты, израилӕгтӕ та — йӕ иннӕ.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




2 Паддзахӕдтӕ 2:13
13 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Хӕцӕны уыдысты Церуайы ӕртӕ фырты дӕр: Йоав, Авишай ӕмӕ Асаел. Сычъийау рӕувад уыди Асаел.


Йоав уыди ӕгас Израилы ӕфсады хицау, Йеходайы фырт Бенайа — керетӕгтӕ ӕмӕ пелетӕгты хицау,


Гивоны цур цы стыр дур ис, уымӕ куы баввахс сты, уӕд Амаса сӕ размӕ фӕци. Йоав — йӕ хотыхты, йӕ цирхъ — йӕ астӕуыл баст, ӕмӕ йын цӕугӕ-цӕуын кӕрддзӕмӕй ӕрхауд.


Бӕгъатыр хӕстонтыл нымад уыдысты: Йоавы ӕфсымӕр Асаел; Додойы фырт Елханан, вифлеемаг;


Церуайы фырт Йоав уыд ӕфсады хицау, Ахилуды фырт Йошафат — азфыссӕг,


Адониа баныхас кодта Церуайы фырт Йоав ӕмӕ сауджын Авиафаримӕ, ӕмӕ йӕ цӕдисонтӕ систы.


Ноджы ма дын зӕгъын, — дзырдта дарддӕр Давид, — дӕ зӕрдыл дар, иу хатт мын Церуайы фырт Йоав цы бакуыста, Израилы ӕфсады дыууӕ фӕтӕджы — Неры фырт Авнеры ӕмӕ Йетеры фырт Амасайы — куыд амардта, уый. Фидыды заман ныккалдта туг, цыма хӕсты заман уыд, афтӕ ӕмӕ уыцы тугӕй самӕста йӕ рон ӕмӕ йӕ къахыдарӕс — фӕчъизи кодта йӕ хӕстон намыс.


Давид загъта: «Йевусӕгтӕм раздӕр чи бабырса, уый уыдзӕн ӕфсады хицау». Фыццаджыдӕр сахармӕ балӕбурдта Церуайы фырт Йоав ӕмӕ сси ӕфсады хицау.


Уыди сын дыууӕ хойы: Церуа ӕмӕ Авигеа. Церуайӕн уыд ӕртӕ фырты: Авишай, Йоав ӕмӕ Асаел.


Цыппӕрӕм мӕйы къорды хицау — Йоавы ӕфсымӕр Асаел, фӕстӕдӕр ӕй аивта йӕ фырт Зевадиа; уыди йӕм цыппар ӕмӕ ссӕдз мин хӕстоны.


уӕд адӕмы ӕрӕмбырд кодтой ӕмӕ Нетаниайы фырт Измаелы ныхмӕ хӕцынмӕ рацыдысты. Баййӕфтой йӕ Гивоны, стыр донуаты цур.


Давид загъта хеттаг Ахимелехӕн ӕмӕ Церуайы фырт Авишайӕн, Йоавы ӕфсымӕрӕн: «Мемӕ Саулы рӕсӕнуатмӕ чи ныццӕудзӕн?» Авишай йын дзуапп радта: «Ӕз ныццӕудзынӕн демӕ».


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ