Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




2 Паддзахӕдтӕ 2:12 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

12 Неры фырт Авнер Саулы фырт Йевосфеты хӕстонтимӕ Маханаимӕй рацыди ӕмӕ Гивонмӕ йӕ ных сарӕзта.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




2 Паддзахӕдтӕ 2:12
9 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Йаков сӕ куы федта, уӕд загъта: «Ай у Хуыцауы рӕсӕнуат!» Ӕмӕ уыцы бынат схуыдта Маханаим.


Уӕд Авессалом ӕмӕ израилӕгтӕ ӕмхуызонӕй загътой: «Аркаг Хушайы уынаффӕ Ахитофелы уынаффӕйӕ хуыздӕр у». Дунедарӕг афтӕ бакодта, цӕмӕй Ахитофелы хорз уынаффӕйы фӕдыл ма ацӕуой, ӕмӕ Авессалом бӕллӕхы бахауа.


Уӕдмӕ Неры фырт Авнер, Саулы ӕфсады разамонӕг, Саулы фырт Йевосфеты ӕрбакодта Маханаиммӕ


Дунедарӕг аморӕгты Израилы къухтӕм цы бон радта, уыцы бон Йешуа скуывта Дунедарӕгмӕ, загъта израилӕгты раз: «Ӕрлӕуу, хур, Гивоны сӕрмӕ, ӕрлӕуу, мӕй, Айалоны дӕлвӕзы сӕрмӕ!»


Ӕмӕ Адони-Цедекӕн йӕ зӕрдӕйы стыр тас бацыд, уымӕн ӕмӕ Гивон уыди паддзахы сахары хуызӕн стыр, суанг Гайӕ дӕр стырдӕр, йӕ нӕлгоймӕгтӕ та иууылдӕр уыдысты хӕствӕлтӕрд.


«Мӕ фарсмӕ ӕрбалӕуут ӕмӕ Гивоны сахар ныффалгӕрон кӕнӕм, Йешуа ӕмӕ израилӕгтимӕ кӕй бафидыдта, уый тыххӕй».


Фӕлӕ Йешуа Йерихонӕн ӕмӕ Гайӕн цы бакодта, уый куы фехъуыстой хивваг сахар Гивоны цӕрджытӕ,


Кӕд йӕ бон мемӕ рахӕцын суа ӕмӕ мӕ амара, уӕд уын мах уыдзыстӕм цагъартӕ. Ӕз ыл фӕтых дӕн ӕмӕ йӕ амардтон, зӕгъгӕ, уӕд та нын сымах уыдзыстут цагъартӕ ӕмӕ нын кӕндзыстут лӕггад».


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ