Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




2 Паддзахӕдтӕ 19:8 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

8 Паддзах рацыди ӕмӕ кулдуары раз ӕрбадт. Кулдуары раз бады, зӕгъгӕ, уый адӕмыл айхъуыст, ӕмӕ уайтагъд йӕ размӕ ӕрбамбырд сты. Ныр израилӕгтӕй та алчи йӕ хӕдзармӕ фӕлыгъд.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




2 Паддзахӕдтӕ 19:8
10 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Сӕумӕраджы-иу фестад, сахары кулдуармӕ фӕндаджы раз-иу ӕрлӕууыд ӕмӕ, паддзахмӕ йӕ хъуыддаг равзарыны тыххӕй чидӕриддӕр цыди, уыдонмӕ-иу фӕдзырдта ӕмӕ сӕ фарста: «Кӕцы сахарӕй дӕ?» Уый-иу, Израилы уыцы хӕдзарвӕндагӕй у дӕ цагъар, зӕгъгӕ, дзуапп куы радта,


Авессаломы мард ӕристой, хъӕды йӕ уыцы ран иу арф дзыхъхъы ныппӕрстой ӕмӕ йыл дуртӕ бӕрзонд сцӕнд кодтой. Израилӕгтӕй та алчи йӕ хӕдзармӕ фӕлыгъди.


Уыцы сахат Давид бадти сахармӕ бацӕуӕны, ӕддаг къулӕй мидӕггаг къулы ’хсӕн. Хъалагъур кулдуары сисы сӕр уӕлхӕдзармӕ схызти ӕмӕ уым дыууӕрдӕм рацу-бацу кодта. Кӕсы, ӕмӕ дын уӕртӕ иу лӕг иунӕгӕй ӕрбазгъоры.


Паддзах сын загъта: «Хорз, сымах куыд фӕнды, афтӕ бакӕндзынӕн уӕдӕ». Сахары кулдуары цур лӕууыди, цалынмӕ йӕ адӕм, сӕдӕгӕйттӕ ӕмӕ мингӕйттӕй ӕрлӕугӕйӕ, рӕнхъытӕй ӕддӕмӕ цыдысты, уӕдмӕ.


Уыцы бон хӕстон адӕм сахармӕ дӕр хъуызӕгау цыдысты, раст мӕнӕ хӕсты быдырӕй ӕгады лыгъд чи ракӕны, уыдон куыд фӕхъуызынц, афтӕ.


Хурныгуылдыл фидиуӕг хӕстон адӕмыл ныхъхъӕр кодта: «Алчидӕр уӕ аздӕхӕд йӕ сахармӕ, йӕ фыдыуӕзӕгмӕ!»


Израилӕгтӕ иудейӕгты ныддӕрӕн кодтой, ӕмӕ ма сӕ чи аирвӕзт, уыдон сӕ цатыртӕм фӕлыгъдысты.


Иуахӕмы Иорам ӕд бӕхӕфсад, ӕд тохуӕрдӕттӕ Цаирмӕ бабырста. Едомӕгтӕ йыл ӕрхъула кодтой, фӕлӕ сӕ уый ӕхсӕвы ныццагъта, ӕмӕ адӕм сӕ цатыртӕм фӕлыгъдысты.


Филистимӕгтӕ схӕцыдысты, ӕмӕ израилӕгтӕ дӕрӕнгонд ӕрцыдысты. Бирӕ дзы фӕцагъды: сӕ фистӕг ӕфсадӕй бабын ис дӕс ӕмӕ ссӕдз мины, удӕгасӕй ма чи аирвӕзт, уыдон та сӕ хӕдзӕрттӕм фӕлыгъдысты.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ