3 Уыцы бон хӕстон адӕм сахармӕ дӕр хъуызӕгау цыдысты, раст мӕнӕ хӕсты быдырӕй ӕгады лыгъд чи ракӕны, уыдон куыд фӕхъуызынц, афтӕ.
Сусӕгӕй цӕмӕн алыгътӕ, куыд мӕ афӕлывтай? Куыд ницы мын загътай? Ӕз дӕ афӕндараст кодтаин хъӕлдзӕг зарджытимӕ, далатӕ ӕмӕ хъисфӕндырты цагъдимӕ.
Давид бахӕццӕ ис Маханаиммӕ. Авессалом дӕр, израилӕгтӕй йемӕ чи уыд, уыдонимӕ бахызт Иорданы фаллаг фарсмӕ.
Ӕмӕ уыцы боны уӕлахизы цин ӕппӕт адӕмӕн дӕр хъарӕгӕй йӕхи раивта, уымӕн ӕмӕ фехъуыстой, паддзах йӕ фыртыл кӕй хъыг кӕны, уый.
Барзиллай, хӕрз зӕронд лӕг, ӕстайаздзыд, уыди тынг бонджын ӕмӕ, паддзах Маханаимы куы уыди, уӕд ӕй ницы хъуаг уагъта.
Паддзах та адӕмӕн йӕхи дӕр не ’вдыста, дуарӕхгӕдӕй ӕрдиаг кодта: «Мӕ фырт Авессалом! Авессалом, мӕ фырт, мӕ фырт!»