Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




2 Паддзахӕдтӕ 18:9 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

9 Авессаломӕн Давиды адӕм ӕнӕнхъӕлӕджы йӕ размӕ фесты. Йӕ хӕргӕфсыл егъау теревинфы бынты куыд фӕцӕйуад, афтӕ йын къалиутӕ йӕ сӕрыхъуынтӕ ацахстой. Хӕргӕфс йӕ бынӕй алыгъд, ӕмӕ Авессалом арв ӕмӕ зӕххы ’хсӕн ауыгъдӕй аззади.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




2 Паддзахӕдтӕ 18:9
18 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Авессаломы дӕлдӕртӕ йын йӕ ныхас куы сӕххӕст кодтой, уӕд паддзахы фырттӕ ӕмхуызонӕй сӕ хӕргӕфсытыл абадтысты ӕмӕ лидзынмӕ фесты.


Йӕ сӕры хил-иу куы адаста — дасгӕ та йӕ кодта алы аз дӕр, уымӕн ӕмӕ йыл уӕз кодта, — уӕд-иу паддзахы шекелтӕй дыууӕсӕдӕйы уӕз ӕрласта.


Ахитофел куы федта, йӕ уынаффӕйыл ын нӕ баввӕрсыдысты, уый, уӕд хӕрӕгыл саргъ сӕвӕрдта ӕмӕ сӕхимӕ, йӕ райгуырӕн сахармӕ, фӕраст ис. Йӕ хӕдзаронтӕн ныстуан ныууагъта ӕмӕ йӕхи ӕрцауыгъта. Йӕ мард ын йӕ фыдӕлты зӕппадзы бавӕрдтой.


Чидӕр ӕй афтӕмӕй федта ӕмӕ Йоавӕн фехъусын кодта: «Авессаломы федтон, теревинфыл ауыгъдӕй лӕууы».


Йоав загъта: «Мӕн демӕ мӕ рӕстӕг дзӕгъӕлы сафынмӕ не ’вдӕлы». Ӕртӕ фаты райста ӕмӕ сӕ Авессаломы зӕрдӕйы ныссагъта, уый нырма удӕгас уыди тулдз бӕласыл.


Хӕст анхъӕвзта ӕппӕт бӕстыл дӕр, ӕмӕ уыцы бон, цирхъӕй цас адӕм ныццагъды ис, уымӕй фылдӕр адӕм та хъӕды бабын ис.


Ау, фыдбылызы хъуамӕ тӕригъӕдджын ма бахауид, фыдгӕнӕгӕн ма ӕрцӕуид йе сӕфт?


Йӕ фыд ӕмӕ йӕ мады чи ’лгъиты, уымӕн саудалынджы йӕ царды рухс ахуысдзӕн.


Йӕ фыдыл худгӕ, йӕ ныййарӕг мадмӕ хъусыныл ӕлгъ цы цӕст кӕны, уый дӕлвӕзы халӕттӕ скъахдзысты.


Фыр тӕссӕй лидзӕг чи фӕуа, уый дзыхъхъы ныххаудзӕн, дзыхъхъӕй чи схиза, уый ахсӕн хызы аирвӕздзӕн, уымӕн ӕмӕ Моавӕн йӕ тӕрхоны аз ралӕудзӕн, — зӕгъы Дунедарӕг.


Иудӕ ӕвзист ӕхцатӕ аппӕрста Кувӕндоны, рацыд ӕмӕ йӕхи ӕрцауыгъта.


Уымӕн ӕмӕ Моисей загъта: „Нымай дӕ фыд ӕмӕ дӕ мады“; ноджы ма: „Йӕ фыды кӕнӕ йӕ мады ӕфхӕрӕг амӕлӕд“.


Чырысти мах фервӕзын кодта, Ӕгъдаумӕ гӕсгӕ цы ӕлгъыст баййӕфтам, уымӕй — нӕ сӕрвӕлтау уыцы ӕлгъыст ӕруагъта Йӕхиуыл, Сыгъдӕг Фыст куыд зӕгъы, афтӕ: «Хъӕдыл ауыгъд чидӕриддӕр ӕрцыди, уый ӕлгъыст у».


уӕд мардӕн ӕхсӕвы хъӕдыл ауыгъдӕй ныууадзӕн нӕй, ӕмбойны йӕ баныгӕнын хъӕуы. Хъӕдыл ауыгъд Хуыцауӕй ӕлгъыст у! Уӕдӕ ма чъизи кӕнут, Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, сымахӕн исбонӕн кӕй дӕтты, уыцы зӕхх!


„Ӕлгъыст фӕуӕд, йӕ фыды кӕнӕ йӕ мады чи бафхӕра, уый!“ Адӕм та иууылдӕр иумӕ зӕгъӕнт: „Аммен!“


„Ӕлгъыст фӕуӕд, йӕ фыды усимӕ ӕмуат чи ӕрцӕуа, йӕ фыды чи фегад кӕна, уый!“ Адӕм та иууылдӕр иумӕ зӕгъӕнт: „Аммен!“


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ