8 Хӕст анхъӕвзта ӕппӕт бӕстыл дӕр, ӕмӕ уыцы бон, цирхъӕй цас адӕм ныццагъды ис, уымӕй фылдӕр адӕм та хъӕды бабын ис.
Паддзахы хӕстонтӕ израилӕгты ныддӕрӕн кодтой. Бирӕ туг ныккалди уыцы бон — ссӕдз мин лӕджы сӕ мӕлӕт ссардтой.
Авессаломӕн Давиды адӕм ӕнӕнхъӕлӕджы йӕ размӕ фесты. Йӕ хӕргӕфсыл егъау теревинфы бынты куыд фӕцӕйуад, афтӕ йын къалиутӕ йӕ сӕрыхъуынтӕ ацахстой. Хӕргӕфс йӕ бынӕй алыгъд, ӕмӕ Авессалом арв ӕмӕ зӕххы ’хсӕн ауыгъдӕй аззади.
Иннӕтӕ Афекы сахармӕ бацӕйлыгъдысты, фӕлӕ сыл сахары сис афӕлдӕхт, ӕмӕ авд ӕмӕ ссӕдз мин лӕджы йӕ быны фесты. Бен-Хадад йӕхӕдӕг сахармӕ балыгъд ӕмӕ фидарӕн йӕ рӕбинагдӕр уаты йӕхи бамбӕхста.
Нӕ тӕрсын, чи мыл ӕртыхсти, уыцы адӕмы ӕрдонгтӕй.
Зарӕггӕнджыты къорды разамонӕгӕн. Корахы фыртты зондамонӕн псалом.
Ды бафу кодтай — ӕмӕ фӕдӕлдон сты, денджызы арфы аныгъуылдысты здыйау.
Мӕ лӕппу, Дунедарӕгӕй ӕмӕ паддзахӕй тӕрс, дӕхи хиз змӕнтджытӕй,
уымӕн ӕмӕ уыдоныл ӕвиппайды фыдбылыз ӕрцӕудзӕн: цавӕр бӕллӕх сӕ баййафдзӕн, уый ничи зоны.
Бет-Хороны фахсыл уым дӕлӕмӕ куы фӕцӕйлыгъдысты израилӕгты разӕй, уӕд сыл Дунедарӕг уӕларвӕй стыр ихдуртӕ ӕппарын байдыдта суанг Азекайы онг, ӕмӕ мардысты. Ихдурты амӕттӕгтӕ фӕфылдӕр сты, израилӕгтӕ кардӕй кӕй фӕцагътой, уыдонӕй.