7 Паддзахы хӕстонтӕ израилӕгты ныддӕрӕн кодтой. Бирӕ туг ныккалди уыцы бон — ссӕдз мин лӕджы сӕ мӕлӕт ссардтой.
Афтӕ кодта Авессалом, израилӕгтӕй паддзахмӕ йӕ хъуыддаг равзарыны тыххӕй чи цыди, уыдонӕй алкӕмӕн дӕр ӕмӕ адӕмы йӕхиуыл ӕрӕууӕндын кодта.
Давиды ӕфсад израилӕгты ныхмӕ фӕссахармӕ рацыди, ӕмӕ Ефремы хъӕды схӕцыдысты.
Хӕст анхъӕвзта ӕппӕт бӕстыл дӕр, ӕмӕ уыцы бон, цирхъӕй цас адӕм ныццагъды ис, уымӕй фылдӕр адӕм та хъӕды бабын ис.
Ӕвирхъау уыди уыцы боны тох, ӕмӕ Авнер ӕмӕ израилӕгтыл Давиды хӕстонтӕ фӕуӕлахиз сты.
Авнер ныхъхъӕр кодта Йоавмӕ: «Нӕ кӕрдтӕ туджы кӕдмӕ ӕвдулдзыстӕм? Хорз ӕй куы зоныс, хъуыддаг цӕмӕ цӕуы, уый? Кӕд ӕрдомдзынӕ дӕ адӕмӕй, цӕмӕй се ’фсымӕрты фӕдыл мауал зилой?»
Бениамины байзӕддӕгтӕй та, Авнеры адӕмӕй, Давиды хӕстонтӕ ныццагътой ӕртӕсӕдӕ ӕртиссӕдз лӕджы.
Ремалийы фырт Феках иу бонмӕ иудейӕгтӕй ныццагъта сӕдӕ дыууын мин ӕхсарджын хӕстоны, уымӕн ӕмӕ Иудейы адӕм сӕхи атигъ кодтой Дунедарӕгыл, сӕ фыдӕлты Хуыцауыл.
Дӕ алы фӕлдисонд дӕр, Дунедарӕг, кад кӕны Дӕуӕн, Дӕ сыгъдӕджытӕ Дын арфӕ кӕнӕнт.
Фидар зон: тӕригъӕдджын ӕнӕ ’фхӕрдӕй нӕ баззайдзӕн, фӕлӕ рӕстудты мыггаг фервӕздзӕн.
Мӕ лӕппу, Дунедарӕгӕй ӕмӕ паддзахӕй тӕрс, дӕхи хиз змӕнтджытӕй,