Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




2 Паддзахӕдтӕ 18:2 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

2 Уый фӕстӕ сӕ ӕртӕ къордыл фӕдих кодта ӕмӕ дзы иу къорд радта Йоавы къухмӕ, иннӕ — Церуайы фырт, Йоавы ӕфсымӕр Авишайы къухмӕ, ӕртыккаг та — гатаг Итайы къухмӕ. Паддзах йӕ адӕмӕн загъта: «Мӕхицӕн дӕр уемӕ ӕнӕ цӕугӕ нӕй».

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




2 Паддзахӕдтӕ 18:2
14 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Гъемӕ дын мӕнӕ мӕ уынаффӕ: ӕрбамбырд дӕм уӕнт ӕппӕт Израил, Данӕй Беер-Шевӕйы онг чидӕриддӕр ис, уыдон, денджызы былгӕрон змисау ӕнӕнымӕц куыд уой, афтӕ, ӕмӕ-иу дӕхӕдӕг дӕр семӕ рацу.


Фӕлӕ Церуайы фырт Авишай Давиды фарсмӕ ӕрбалӕууыди — филистимагыл йӕхи ныццавта ӕмӕ йӕ амардта. Уӕд Давидӕн йӕ адӕм расомы кодтой: «Ды немӕ хӕстмӕ нал ацӕудзынӕ, цӕмӕй Израилы цырагъ ма ахуысса».


Йоавы ӕфсымӕр Авишай, Церуайы фырт, уыди хӕстон къорды хистӕр. Йӕ арцы бырынкъӕй знаджы адӕмӕй ӕртӕсӕдӕ ныццагъта, ӕмӕ йын ӕфсады ’хсӕн уыди стыр кад.


Церуайы фырт Йоав уыд ӕфсады хицау, Ахилуды фырт Йошафат — азфыссӕг,


Уыцы хабар Йоавы хъустыл ӕруад. Амӕй размӕ уый Авессаломы фарсхӕцӕг нӕ уыд, фӕлӕ фӕстӕдӕр Адониайы фарс рахӕцыд. Уымӕ гӕсгӕ ныр Дунедарӕджы цатырмӕ алыгъд ӕмӕ уым нывондхӕссӕны сыкъатыл йӕ къухтӕй ныддӕвдӕг.


Схуыссын, бафынӕй вӕййын ӕмӕ сыстын — Дунедарӕг мын хъару ратты.


Гедеон йе ’ртӕсӕдӕ хӕстоны ӕртӕ къордыл адих кодта, алкӕмӕ дӕр дзы радта сыкъауадындз ӕмӕ афтид хъуырауы ӕмбӕхст цырагъ.


Ӕмбисӕхсӕв мидианӕгты хъахъхъӕнджытӕ кӕрӕдзийы куы баивтой, уӕд Гедеон ӕмӕ, йемӕ цы сӕдӕ хӕстоны уыди, уыдон мидианӕгты рӕсӕнуаты размӕ бацыдысты, сыкъауадындзтӕй ныууасыдысты ӕмӕ сӕ хъуырӕуттӕ ныппырх кодтой.


Йе ’фсад ӕртӕ къордыл адих кодта ӕмӕ рӕсӕнуаты бадти. Сахарӕй чидӕриддӕр цыди, уыдоны мардта.


Дыккаг райсом Саул адӕмы фӕдих кодта ӕртӕ къордыл, ӕмӕ уыдон сӕумӕйӕ знаджы рӕсӕнуаты смидӕг сты. Сихорафонмӕ дӕрӕн кодтой аммонӕгты. Чи ма сӕ аирвӕзти удӕгасӕй, уыдон фӕйнӕрдӕм фӕлыгъдысты, дыууӕ лӕджы дӕр дзы нал аззад иумӕ.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ