1 Давид, йемӕ чи уыди, уыцы адӕмы банымадта ӕмӕ сын сӕ сӕргъы сӕвӕрдта миныхицӕуттӕ ӕмӕ сӕдӕйыхицӕуттӕ.
Моисей Йешуайӕн загъта: «Равзар, амалекӕгты ныхмӕ кӕимӕ ралӕууай, ахӕм лӕгтӕ. Ӕз та райсом, Хуыцауы лӕдзӕг мӕ къухы, афтӕмӕй къуыбырыл ӕрлӕудзынӕн».
Адӕмы ’хсӕнӕй равзар, Хуыцауы тас кӕмӕ ис, ӕууӕнкджын чи у ӕмӕ гӕртам чи нӕ райсдзӕн, ахӕм нымад лӕгтӕ ӕмӕ сӕ хицӕуттӕй сӕвӕр: кӕй — мин, кӕй — фондзыссӕдз, кӕй — дӕс ӕмӕ дыууиссӕдз, кӕй — дӕс лӕджы сӕргъы.
Израилы адӕмы ’хсӕн нымад лӕгтӕ равзӕрста ӕмӕ сӕ хицӕуттӕй сӕвӕрдта: кӕй — мин лӕгӕн, кӕй — фондзыссӕдз, кӕй — дӕс ӕмӕ дыууиссӕдз, кӕй — дӕс.
Ӕмӕ смӕсты ис Моисей, хӕстӕй чи ӕрбацыди, уыцы ӕфсӕддон хицӕуттӕм, мины хицӕуттӕ ӕмӕ сӕдӕйы хицӕуттӕм.
Уагдартӕ адӕмимӕ сӕ ныхас куы фӕуой, уӕд равзарын хъӕуы хӕстон разамонджытӕ, ӕфсады сӕргъы чи слӕууа, ахӕмтӕ.
Райсомӕй раджы Йешуа йӕ адӕммӕ ӕркаст ӕмӕ сӕ Израилы хистӕртимӕ Гайы ’рдӕм акодта.
Саул сын загъта: «Байхъусут-ма, Бениамины байзӕддаг! Йессейы фырт уе ’ппӕтӕн дӕр быдыртӕ ӕмӕ сӕндӕттӕ, мыййаг, ратдзӕн, уе ’ппӕты дӕр миныхицӕуттӕ ӕмӕ сӕдӕйыхицӕуттӕ скӕндзӕни?
Иуты йе ’фсады минонтӕ ӕмӕ фӕндзайонты хицӕуттӕй сӕвӕрдзӕн, иннӕтӕ йын кӕндзысты хуым ӕмӕ йын ӕфснайдзысты йӕ тыллӕг, аннӕтӕ та йын араздзысты хотыхтӕ ӕмӕ ифтонг кӕндзысты тохуӕрдӕттӕ.