Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




2 Паддзахӕдтӕ 17:9 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

9 Ныридӕгӕн дӕр йӕхи ӕмбӕхсдзӕн исты цъассы кӕнӕ та ӕндӕр ран. Ӕмӕ тӕккӕ райдианы иу къорд лӕджы фӕмард ис, зӕгъгӕ, уый чи фехъуса, уыдон дзурдзысты: „Авессаломы фӕдыл цы адӕм рацыд, уыдон фӕцагъды сты“.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




2 Паддзахӕдтӕ 17:9
10 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Уӕд суанг фидарзӕрдӕ хъӕбатыртӕ дӕр фӕудаист уыдзысты, уымӕн ӕмӕ ӕппӕт Израилӕн дӕр зындгонд сты дӕ фыды ӕхсар ӕмӕ йӕ адӕмы хъӕбатырдзинад.


Загъта ма: «Ды зоныс дӕ фыд ӕмӕ йӕ адӕмӕн се ’хсар, зоныс, йӕ лӕппынтӕ кӕмӕн байстой, уыцы мадӕл арсау ныр агъуыд кӕй уыдзысты, уый дӕр. Уыимӕ дӕ фыд, фӕлтӕрдджын хӕстон, дзыллӕимӕ иу ран нӕ бахсӕвиуат кӕндзӕн.


Годолийы тыххӕй кӕй амарын кодта, уыцы адӕмы мӕрдтӕ Нетаниайы фырт Измаел цъайы ныппӕрста. Уыцы цъай кӕддӕр, израилаг паддзах Баасайы ныхмӕ хӕцгӕйӕ, сарӕзта паддзах Аса. Нетаниайы фырт Измаел цъай мӕрдтӕй байдзаг кодта.


Ӕхсӕрдӕс ӕмӕ ссӕдз лӕджы амардтой, сахары кулдуарӕй сӕ дуркъахӕнты онг фӕсырдтой ӕмӕ сӕ уым хохы фахсыл фӕцагътой. Уыйадыл Израилы адӕмӕн сӕ зӕрдӕты тас бацыди, сӕ ныфс асасти.


Фӕсте нӕ расурдзысты, ӕмӕ сӕ афтӕмӕй сахарӕй ӕддӕмӕ расайдзыстӕм: афтӕ банхъӕлдзысты, ногӕй та фӕлидзӕг сты, зӕгъгӕ,


Давид уырдыгӕй Адулламы лӕгӕтмӕ алыгъд. Уый куы фехъуыстой йе ’фсымӕртӕ ӕмӕ йе ’ппӕт хионтӕ, уӕд ӕм уырдӕм ӕрцыдысты.


Цӕут ӕмӕ ноджы бӕстондӕр базонут, кӕцы ран ис, уый, стӕй сбӕлвырд кӕнут, уым ӕй чи федта, уый дӕр. Куыд мын загъдӕуыд, афтӕмӕй хин ӕмӕ кӕлӕн у.


Саул ӕрӕмбырд кодта ӕртӕ мин лӕджы, Израилы ӕвзаргӕты, ӕмӕ, сычъиты хӕтӕнтӕ кӕм уыдысты, уыцы хӕхты ’рдӕм араст Давид ӕмӕ йӕ адӕмы агурӕг.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ