4 Уыцы ныхас сӕ зӕрдӕмӕ фӕцыд Авессаломӕн ӕмӕ Израилы хистӕртӕн.
Ӕппӕт адӕм та раздӕхдзысты дӕумӕ, ӕрыгон чындз йӕ моймӕ куыд ӕрбаздӕхы, уыйау. Дӕу ӕрмӕстдӕр, кӕй фӕдыл зилыс, уыцы иунӕг лӕджы амарын хъӕуы, ӕппӕт адӕм та сӕрӕгасӕй баззайдзысты».
Фӕлӕ Авессалом загъта: «Фӕдзурут-ма аркаг Хушаймӕ дӕр. Байхъусӕм, кӕддӕра уый та цы зӕгъдзӕн».
Афтӕ бакӕнын паддзахмӕ дӕр ӕмӕ ’ппӕт ӕмбырдмӕ дӕр раст фӕкасти.
Паддзах ӕмӕ йӕ уӕздӕтты зӕрдӕмӕ фӕцыдысты уыцы ныхӕстӕ, ӕмӕ Ксеркс, Мемухан ын куыд бацамыдта, афтӕ бакодта.
Йӕ ус Зереш ӕмӕ йын йӕ хӕлӕрттӕ бауынаффӕ кодтой: «Фӕндзай ӕлмӕрины бӕрзӕндӕн цӕджындз ныссадзын кӕн ӕмӕ райсом паддзахӕн зӕгъ, цӕмӕй Мардохейы уыцы цӕджындзыл ӕрцауындзой. Ды та зӕрдӕхъӕлдзӕгӕй паддзахимӕ хуындмӕ ацӕудзынӕ». Аманмӕ хорз фӕкасти уыцы хъуыды, ӕмӕ цӕджындз ныссадзын кодта.
Афтӕ чи кӕны, уыдонмӕ, Хуыцауы раст тӕрхонмӕ гӕсгӕ, мӕлӕт кӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уый зонынц, фӕлӕ уӕддӕр сӕ хъуыддӕгтӕ нӕ уадзынц. Уый нӕ, фӕлӕ ма, ахӕм митыл чи бафтыди, уыдонӕй дӕр ӕппӕлынц.
Саул сын загъта: «Дунедарӕджы арфӕ уыл сӕмбӕлӕд — фӕтӕригъӕд мын кодтат.