Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




2 Паддзахӕдтӕ 17:23 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

23 Ахитофел куы федта, йӕ уынаффӕйыл ын нӕ баввӕрсыдысты, уый, уӕд хӕрӕгыл саргъ сӕвӕрдта ӕмӕ сӕхимӕ, йӕ райгуырӕн сахармӕ, фӕраст ис. Йӕ хӕдзаронтӕн ныстуан ныууагъта ӕмӕ йӕхи ӕрцауыгъта. Йӕ мард ын йӕ фыдӕлты зӕппадзы бавӕрдтой.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




2 Паддзахӕдтӕ 17:23
15 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Иудӕ ӕвзист ӕхцатӕ аппӕрста Кувӕндоны, рацыд ӕмӕ йӕхи ӕрцауыгъта.


Уыцы бонты Езекиа фӕци мӕлӕтдзаг рынчын. Ӕрбацыди йӕм пехуымпар Исайа, Амоцы фырт, ӕмӕ йын загъта: «Дунедарӕг дын фӕдзӕхсы, дӕ хӕдзаронтӕн, дам, ныууадз ныстуан, уымӕн ӕмӕ дӕ мӕлӕтдзаг низӕй нал сдзӕбӕх уыдзынӕ».


Авессалом нывӕндтӕ куы хаста, уӕд арвыста Давиды уынаффӕйы лӕгмӕ, гилойаг Ахитофелмӕ, ӕмӕ йӕ ӕрбахуыдта йӕ сахар Гилойӕ. Сусӕгвӕнд йӕ тыхы цыди, Авессаломы алыварс фылдӕрӕй-фылдӕр адӕм ӕмбырд кодта.


Сӕ иу ныхасыл дӕр ӕууӕнк нӕй, сӕ зӕрдӕ у фыдбылызмӕ арӕзт, сӕ дзых — гом ингӕн, се ’взаг — мӕнгард.


Давидмӕ фӕхабар чындӕуыд: «Ахитофел дӕр Авессаломимӕ ис, сусӕгвӕндгӕнджыты къорды». Давид загъта: «О Дунедарӕг! Ахитофелы уынаффӕ фехал».


Адӕймагӕн йе ’дылы зонды аххосӕй йӕ фӕндаг ныссуйтӕ вӕййы, мӕсты та Дунедарӕгмӕ фӕкӕны.


Сӕфты размӕ фӕзыны сӕрыстырдзинад, ӕрхауыны размӕ — ӕнӕввӕрсондзинад.


Ау, фыдбылызы хъуамӕ тӕригъӕдджын ма бахауид, фыдгӕнӕгӕн ма ӕрцӕуид йе сӕфт?


Ахитофелы уынаффӕтӕ уыцы заман нымад уыдысты, цыма исчи зондамынд Хуыцауӕй куырдта, уыйау. Ахӕм кад ын кодтой йӕ алы уынаффӕйӕн Давид дӕр ӕмӕ Авессалом дӕр.


Давид йӕ адӕмимӕ Иорданы фаллаг фарсмӕ бахызти. Боныцъӕхтӕм сӕ иу дӕр ацырдыгӕй нал аззад.


Уыцы бонты Езекиа фӕци мӕлӕтдзаг рынчын. Амоцы фырт, пехуымпар Исайа йӕм ӕрбацыд ӕмӕ загъта: «Дунедарӕг дын фӕдзӕхсы, дӕ хӕдзаронтӕн, дам, ныууадз ныстуан, уымӕн ӕмӕ мӕлӕтдзаг низӕй нал сдзӕбӕх уыдзынӕ».


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ