10 Уӕд суанг фидарзӕрдӕ хъӕбатыртӕ дӕр фӕудаист уыдзысты, уымӕн ӕмӕ ӕппӕт Израилӕн дӕр зындгонд сты дӕ фыды ӕхсар ӕмӕ йӕ адӕмы хъӕбатырдзинад.
Иудӕ — домбайы лӕппын; дӕ амӕттагыл уӕлахиз кӕныс, мӕ фырт. Уый йӕхи ӕруадзы домбайау, мадӕл домбайау зӕххыл ӕрхуыссы — чи йӕ бауӕнддзӕн бахъыгдарын?
Уарзон ӕмӕ цытджын Саул! Уарзон ӕмӕ цытджын Ионатан! Сӕ удӕгасӕй дӕр кӕрӕдзийӕ нӕ хицӕн кодтой, ӕмӕ сӕ мӕлӕт дӕр нӕ ахицӕн кодта. Уыдон цӕргӕсӕй цӕрдӕгдӕр уыдысты, уыдон домбайӕ домбайдӕр уыдысты!
Ныридӕгӕн дӕр йӕхи ӕмбӕхсдзӕн исты цъассы кӕнӕ та ӕндӕр ран. Ӕмӕ тӕккӕ райдианы иу къорд лӕджы фӕмард ис, зӕгъгӕ, уый чи фехъуса, уыдон дзурдзысты: „Авессаломы фӕдыл цы адӕм рацыд, уыдон фӕцагъды сты“.
Кавцеелы сахайраг Йеходайы фырт бӕгъатыр Бенайа зындгонд у йӕ бирӕ хъуыддӕгтӕй. Уый амардта моаваг дыууӕ домбай хӕстоны. Иуахӕмы та, мит уарыд, афтӕмӕй къардиумӕ ныххызти дон схӕссынмӕ, домбайыл дзы бамбӕлдис ӕмӕ йӕ уыцы ран ӕрбамардта.
удаист фесты Едомы ӕлдӕрттӕ, асаст Моавы фӕтӕгтӕн сӕ ныфс, ханаанӕгтӕн се уӕнгтӕ ӕрызгъӕлдысты.
Ӕнӕхуыцау, куы ничи йӕ сура, уӕд дӕр лидзгӕ кӕны, рӕстуд та домбайау хъӕбатыр у.
Мӕнӕ — Соломоны къухтыхӕсгӕ паддзахы бадӕн, йӕ разы — ӕхсай гуыппырсары, Израилы тыхджындӕртӕ.
Уымӕ гӕсгӕ адӕмӕн ӕрлӕмӕгъ уыдзысты сӕ цӕнгтӕ, алкӕмӕн дӕр асӕтдзӕни йӕ ныфс.
Рагуац Мысыры тыххӕй. Дунедарӕг рог ӕврагъыл ӕртӕхдзӕни Мысырмӕ. Ӕмризӕджы нырриздзысты Йӕ цуры Мысыры мӕнгхуыцӕуттӕ, ӕмӕ Мысырӕн асӕтдзӕни йӕ ныфс.
Цӕмӕй адӕм схъомпал уой ӕмӕ сӕ бирӕ фӕцагъды уа, уый тыххӕй сын алы сахары кулдуармӕ дӕр сӕ ныхмӕ ӕрӕвӕрдзынӕн ӕвзидгӕ кард. Уый цӕхӕртӕ калдзӕнис арвӕрттывдау, цыргъгонд ӕрцӕудзӕн адӕмы цӕгъдынмӕ.
Кӕдӕм цӕуӕм мах? Не ’фсымӕрты ныхӕстӕй ныл тас бафтыди: уыцы адӕм махӕй бӕрзонддӕр ӕмӕ бӕзӕрхыгдӕр сты, сӕ сахартӕ та — арвмӕ чи фӕцыд, ахӕм фидӕрттӕ; уӕдӕ дзы Анакы байзӕддӕгты дӕр федтой“.
пиллон арт-иу бамынӕг кодтой, карды комӕй-иу аирвӕзтысты, уыдысты лӕмӕгъ ӕмӕ-иу сӕм хъару фӕзынди. Хӕсты уыдысты тыхджын, лидзӕг-иу фӕкодтой ӕндӕрбӕстӕгты ӕфсӕдтӕ.
Уӕд ын йӕ дӕлдӕртӕй иу загъта: «Ӕз зонын вифлеемаг Йессейы фырты: дӕсны фӕндырдзӕгъдӕг, ныфсхаст лӕппу, ӕхсарджын хӕстон, дзырдарӕхст ӕмӕ хӕрзконд, Дунедарӕг ыл ауды».
Саул Давидӕн загъта: «Мӕ хистӕр чызг Меравы дын ратдзынӕн. Ӕрмӕст мын ӕхсарджын у ӕмӕ Дунедарӕджы хӕстыты архай». Йӕхинымӕр та дзырдта: «Мӕхи къухӕй нӕ, фӕлӕ филистимӕгты къухӕй амӕлӕд».