9 Церуайы фырт Авишай паддзахӕн загъта: «Ацы хӕдмӕл куыдз мын мӕ хицауы, паддзахы, цӕмӕн ӕлгъиты? Ныртӕккӕ йын йӕ сӕр атӕхын кӕндзынӕн!»
Церуайы фырт Авишай афтӕ бакодта: «Ау, Шимийӕн, Дунедарӕджы байсӕрсты кӕй ӕлгъыста, уый тыххӕй марыны тӕрхон нӕ уыдзӕн?»
Давид ын дзуапп радта: «Цы мӕ агурут, Церуайы фырттӕ? Мӕ фӕндагыл цӕхгӕрмӕ цӕмӕн ныллӕууыдыстут? Ахӕм бон марыны тӕрхон скӕнӕн куыд ис Израилы? Израилы паддзах кӕй дӕн, уый та ныртӕккӕ мӕхи цӕстӕй куы уынын!»
Йоав ӕмӕ йе ’фсымӕр Авишай та Авнеры, се ’фсымӕр Асаелы сын кӕй амардта Гивоны хӕсты, уый тыххӕй амардтой.
Уыцы ныхӕстӕм Авнер цӕхӕртӕ скалдта: «Ӕз дын куыдз дӕн, иудейӕгтимӕ ӕмдзӕхдон куыд хъуамӕ кӕнон? Кад ӕмӕ радӕй куы лӕггад кӕнын Саулы хӕдзарӕн дӕр, Саулы ӕфсымӕртӕн дӕр ӕмӕ йӕ хӕлӕрттӕн дӕр! Дӕу дӕр Давиды къухмӕ куы нӕ радтон! Уӕд мыл ныр ды сылгоймаджы тыххӕй тӕригъӕд мысыс?
Мефивошет та йын ныллӕг акуывта ӕмӕ загъта: «Дӕ цагъар ӕмӕ хӕдмӕл куыдз — иу, уӕд ӕм де ’ргом куыд раздӕхтай?»
Хуыцауы ма фау, дӕ фӕтӕджы фыдгой ма кӕн.
Уый фенгӕйӕ, Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ Йаков ӕмӕ Иоанн тынг смӕсты сты: «Хицау, кӕд Дӕу фӕнды, уӕд мах дӕр, Илийа куыд бакодта, афтӕ зӕгъдзыстӕм, ӕмӕ уӕларвӕй арт ӕрцӕудзӕн ӕмӕ сӕ бавзалы кӕндзӕни».
Павел дзуапп радта: «Ӕфсымӕртӕ, алчер кӕй у, уый нӕ зыдтон. Уымӕн ӕмӕ фыст ис: „Дӕ адӕмы фӕтӕджы фыдгой ма кӕ“».
Аргъ кӕнут алкӕмӕн дӕр, уарзут ӕфсымӕрты, тӕрсут Хуыцауӕй, нымайут паддзахы.
Рагон ӕмбисонд афтӕ зӕгъы: „Фыдлӕгӕй фыдракӕнд рацӕуы“. Фӕлӕ дӕм ӕз мӕ къух нӕ сисдзынӕн.