Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




2 Паддзахӕдтӕ 16:8 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

8 Кӕй паддзахы бадӕн байстай, уыцы Саулы хӕдзары туг дӕ исы Дунедарӕг. Дӕ паддзахад дӕр дын дӕ фырт Авессаломӕн радта. Ды фыдбылызы бахаудтӕ, уымӕн ӕмӕ дӕ къухтӕ тугӕйдзаг сты».

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




2 Паддзахӕдтӕ 16:8
18 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Давид загъта: «Дӕхи аххосӕй ӕрцыди дӕ мӕлӕт, уымӕн ӕмӕ дӕхӕдӕг загътай, Дунедарӕджы байсӕрсты амардтон, зӕгъгӕ».


ӕмӕ йын загъта: «О мӕ паддзах, ма мӕ бафхӕр мӕ азымы тыххӕй! Мӕ цӕстмӕ мын ма бадар, мӕ бардарӕг, паддзах, Йерусалимӕй куы рацыди, уӕд дӕ цагъар цы тӕригъӕды бацыд, уый. Хӕрам зӕрдӕ мӕм ма бадар, мӕ паддзах.


Церуайы фырт Авишай афтӕ бакодта: «Ау, Шимийӕн, Дунедарӕджы байсӕрсты кӕй ӕлгъыста, уый тыххӕй марыны тӕрхон нӕ уыдзӕн?»


Давиды заман фӕд-фӕдыл ӕртӕ стонг азы скодта, ӕмӕ паддзах Дунедарӕджы бафарста. Дунедарӕг загъта: «Аххос Саул ӕмӕ йӕ байзӕддагыл ис, уымӕн ӕмӕ Саул ӕназым гивонӕгты туг ныккалдта».


Гивонӕгты къухмӕ сӕ радта, ӕмӕ сӕ уыдон Дунедарӕджы раз, кувӕн къуыбырыл, ӕрцауыгътой. Авдӕй дӕр амардысты иумӕ, хуымгӕрдӕнты фыццаг бонты, хъӕбӕрхорӕфснайӕнтӕ куы райдыдтой, уӕд.


Бахуримы сахарӕй дӕр ма ис иу лӕг — Герайы фырт Шими, Бениамины байзӕддаг. Авессаломы заман Маханаимы ’рдӕм куы лыгътӕн, уӕд мӕ тынг ӕлгъыста. Фӕлӕ фӕстӕдӕр фӕсмонгондӕй Иорданы былмӕ мӕ размӕ рацыд, ӕмӕ йын ӕз Дунедарӕгӕй ард бахордтон, нӕ дӕ амардзынӕн, зӕгъгӕ.


О Дунедарӕг, мӕнӕ куыд бирӕ сты ме знӕгтӕ! Бирӕтӕ сыстадысты мӕ ныхмӕ!


О Хуыцау, фехъус мын мӕ хъӕр! Ӕрмӕстдӕр мӕ Ды сраст кӕндзынӕ! Ды-иу мӕ фервӕзын кодтай уынгӕджы заман. Батӕригъӕд кӕн ӕмӕ мын айс мӕ куывд!


Ме знӕгтӕ ӕнӕхъӕн бон мӕ фӕдыл зилынц, бирӕ сты мӕ ныхмӕ тохгӕнджытӕ.


О Дунедарӕг, мӕ Хуыцау, кӕд, цы не ’мбӕлы, ахӕмӕй исты ракодтон, фыдракӕндӕй мӕ къухтӕ фӕчъизи кодтон,


Сырддонцъиу куыд апӕррӕст кӕны ӕмӕ зӕрватыкк куыд атӕхы, афтӕ дзӕгъӕл ӕлгъыст дӕр дӕ рӕзты ацӕудзӕн.


Уыдон сыгъдӕджытӕ ӕмӕ пехуымпарты туг кӕй ныккалдтой, уый тыххӕй сын Ды туг бануазын кодтай — уый аккаг сты».


Авимелех ӕмӕ Шехемы цӕрджытӕ сӕ тӕригъӕд хъуамӕ иумӕ бафыстаиккой, уымӕн ӕмӕ Авимелех амардта Гедеоны дӕс ӕмӕ ӕртиссӕдз фырты, йе ’фсымӕрты, шехемӕгтӕ та йын уыцы фыдракӕнды ӕххуыс кодтой.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ