Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




2 Паддзахӕдтӕ 16:7 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

7 Шими афтӕ ӕлгъыста паддзахы: «Фесӕф мӕ разӕй, лӕгмар, ӕнаккаг!

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




2 Паддзахӕдтӕ 16:7
16 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Цӕмӕн суӕлӕхох дӕ Дунедарӕджы дзырдыл ӕмӕ Йын ӕнӕуынон цы у, уый цӕмӕн бакодтай? Хеттаг Уриайы мӕлӕтмӕ радтай, аммонӕгты къухӕй йӕ амардтай ӕмӕ йын йӕ усы дӕхи бакодтай.


Давид ӕмӕ паддзахы дӕлдӕртыл дуртӕ ӕхста, кӕд паддзах Давидӕн йӕ адӕм ӕмӕ йӕ гуыппырсартӕ йӕ фӕйнӕфарс цыдысты, уӕддӕр.


Церуайы фырт Авишай афтӕ бакодта: «Ау, Шимийӕн, Дунедарӕджы байсӕрсты кӕй ӕлгъыста, уый тыххӕй марыны тӕрхон нӕ уыдзӕн?»


Уыцы рӕстӕг се ’хсӕн фӕци иу ӕнаккаг лӕг, Бениамины мыггагӕй, Бихрийы фырт Савей. Сыкъауадындзӕй ныууасыди уый ӕмӕ ныхъхъӕр кодта: «Махӕн та ма ныр Давид чи у? Йессейы фыртимӕ мах цы хъуыддаг ис? Гъӕй кӕнут уӕ цатыртӕм, израилӕгтӕ!»


Уыцы бон ӕппӕт ӕфсад, стӕй Израилы адӕм иууылдӕр, базыдтой, Неры фырт Авнеры мӕлӕтмӕ паддзах кӕй ницы бар дары, уый.


Йӕ бакомкоммӕ йын ӕрбадын кӕнут дыууӕ цъаммар лӕджы ӕмӕ йӕ ныхмӕ ӕвдисӕн кӕнӕнт, ды Хуыцауы ӕмӕ паддзахы ӕлгъыстай, зӕгъгӕ. Уый фӕстӕ-иу ӕй фӕссахармӕ ракӕнут ӕмӕ йӕ уым дурты бын фӕкӕнут».


Ӕрбацыдысты дыууӕ цъаммар лӕджы, Навотӕн йӕ бакомкоммӕ ӕрбадтысты ӕмӕ йӕ ныхмӕ мӕнгӕвдисӕн ныллӕууыдысты, Хуыцау ӕмӕ паддзахы ӕлгъыста, зӕгъгӕ. Стӕй йӕ фӕссахармӕ ракодтой ӕмӕ йӕ уым дурты бын фӕкодтой.


О Дунедарӕг, мӕнӕ куыд бирӕ сты ме знӕгтӕ! Бирӕтӕ сыстадысты мӕ ныхмӕ!


Къӕйных нӕ фӕлӕудзӕн Дӕ разы, ӕнаккӕгтӕ ӕнӕуынон сты Дӕуӕн.


Ме знӕгтӕ ӕнӕхъӕн бон мӕ фӕдыл зилынц, бирӕ сты мӕ ныхмӕ тохгӕнджытӕ.


Тасы куы бацӕуын, уӕд мӕ зӕрдӕ Дӕуыл фӕдарын.


Елиайӕн йӕ фырттӕ ӕнаккаг уыдысты. Дунедарӕгмӕ се ’ргом не здӕхтой,


Ныр ахъуыды кӕн, цы гӕнгӕ дын у, ууыл. Не ’лдар ӕмӕ йӕ хӕдзармӕ фыдбылыз кӕсы, фӕлӕ фыдӕбоны лӕг у, ӕмӕ йӕм дзурӕн нӕй».


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ