Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




2 Паддзахӕдтӕ 16:4 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

4 Паддзах Цивайӕн загъта: «Уӕдӕ Мефивошеты мулк иууылдӕр дӕу фӕуӕд». Цива йын дзуапп радта: «Ныллӕг дын кувын. Дӕ хорзӕх мӕ уӕд, мӕ бардарӕг, паддзах!»

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




2 Паддзахӕдтӕ 16:4
14 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Йоав ӕрхауди зӕххыл, ныддӕлгом ис ӕмӕ паддзахӕн раарфӕ кодта: «Ныр дӕ цагъар зоны, мӕ бардарӕг, мӕ паддзах, хорз цӕстӕй мӕм кӕй ракастӕ, уый, уымӕн ӕмӕ паддзах сӕххӕст кодта йӕ цагъары фӕндон».


Текоайаг сылгоймаг паддзахмӕ бацыди ӕмӕ йӕ разы зӕххыл ныддӕлгом ис. Загъта: «Паддзах, баххуыс кӕн!»


Паддзах сылгоймагӕн загъта: «Цу дӕ хӕдзармӕ, ӕз бафӕдзӕхсдзынӕн дӕу тыххӕй».


Паддзах та йӕ бафарста: «Ӕмӕ дӕ хицауы фырт кӕм ис?» Цива йын дзуапп радта: «Уый Йерусалимы баззад — афтӕ ӕнхъӕлы, ӕмӕ йын израилӕгтӕ ныр йӕ фыды паддзахад фӕстӕмӕ ратдзысты».


Паддзах Давид Бахуримы сахармӕ куыддӕр бахӕццӕ, афтӕ уырдыгӕй рацыд иу лӕг Саулы мыггагӕй, йӕ ном — Шими, Герайы фырт. Цӕугӕ-цӕуын ӕлгъыста,


Фӕлӕ мӕныл, дӕ цагъарыл, мӕ фӕсдзӕуин дӕ разы, мӕ бардарӕджы, паддзахы раз хахуыртӕ фӕкодта. Мӕ хицау, мӕ паддзах! Ды Хуыцауы зӕдау дӕ ӕмӕ, куыд хуыздӕр дӕм кӕсы, афтӕ бакӕн.


Саулы фырты фырт, Ионатаны фырт Мефивошет бацыди Давидмӕ ӕмӕ йӕ разы йӕ зонгуытыл ӕрхаудис. «Мефивошет!» — сдзырдта йӕм Давид. «Мӕнӕ ис дӕ цагъар», — дзуапп радта уый.


Паддзах фӕдзырдта Саулы фӕсдзӕуин Цивамӕ ӕмӕ йын загъта: «Саул ӕмӕ йӕ бинонты къухы цыдӕриддӕр уыди, уыдон дӕ хицауы фыртӕн дӕттын.


Гӕртӕмттӕ ма ис. Гӕртам цӕстджыны куырм кӕны, раст ӕвдисӕнӕн йӕ хъару сӕтты.


Ӕрхауыны размӕ фӕзыны ӕнӕввӕрсондзинад, кадӕн йӕ разӕй — сӕрныллӕгдзинад.


Лӕвӕрттӕ адӕймагӕн уӕрӕх фадӕттӕ байгом кӕнынц, стыр хицӕуттӕм ын фӕндаг раттынц.


Ӕнӕ зонынадӕй зӕрдӕйӕн зын у, тагъд чи кӕны, уый та фӕкӕлдзӕнис.


Исты фыдракӕнд, галиу ми кӕнӕ тӕригъӕды базылын кӕнынӕн иу ӕвдисӕн фаг нӕу: алы хъуыддаг дӕр хъуамӕ дыууӕ кӕнӕ ӕртӕ ӕвдисӕны раз ӕвзӕрст цӕуа.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ