1 Фӕстӕдӕр Авессалом йӕхицӕн самал кодта тохуӕрдон ӕмӕ бӕхтӕ, стӕй дӕс ӕмӕ дыууиссӕдз хъахъхъӕнӕджы.
Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг: „Ӕз дын афтӕ бакӕндзынӕн, ӕмӕ дӕм бӕллӕх дӕхи хӕдзарӕй ӕрбабырсдзӕн. Дӕ устыты дын дӕ цурӕй ракӕндзынӕн, искӕй фыццаг сӕ скӕндзынӕн, ӕмӕ уый бон-сихорафон семӕ ӕрӕмуат уыдзӕни.
ӕмӕ сын уый бафӕдзӕхста: «Мӕ фырт Соломоны мын мӕ хӕргӕфсыл абадын кӕнут ӕмӕ, мӕ лӕггадгӕнджытӕ дӕр уемӕ, афтӕмӕй йӕ Гихоны доны онг бахӕццӕ кӕнут.
Уыцы заман Хагиты лӕппу Адониа йӕхиуыл тынг фервӕссыд, паддзах суыдзынӕн, зӕгъгӕ, ӕнхъӕлдта. Уый самал кодта паддзахы уӕрдон, баххуырста барджытӕ, стӕй дӕс ӕмӕ дыууиссӕдз фӕсдзӕуины.
Арфӕгонд у Дӕуӕй ӕнусмӕ, Дӕ цӕсгомы рухсӕй райы йӕ зӕрдӕ.
Сӕрыстырдзинадӕн йӕ фӕдыл цӕуы худинаг, сӕрныллӕгдзинадӕн — уӕлзонд.
Сӕфты размӕ фӕзыны сӕрыстырдзинад, ӕрхауыны размӕ — ӕнӕввӕрсондзинад.
Хъаугъатӕ уарзӕг тӕригъӕд уарзы, йӕхи чи стауы, уый та ’рхауынмӕ бӕллы.
Ӕрмӕст паддзах бирӕ бӕхтӕ ма скӕнӕд йӕхицӕн ӕмӕ адӕмы фӕстӕмӕ Мысырмӕ ма арвитӕд, цӕмӕй йӕ бӕхтӕ ноджы фӕфылдӕр уой, уымӕн ӕмӕ уын Дунедарӕг афтӕ загъта: „Уыцы фӕндагыл фӕстӕмӕ макуыуал аздӕхут!“
ӕмӕ загъта: «Уӕ сӕргъы цы паддзах лӕууа, уый уын хицауиуӕг кӕндзӕни мӕнӕ афтӕ: уӕ фыртты уын байсдзӕн ӕмӕ дзы иуты бафтаудзӕн йӕ тохуӕрдӕттыл, иннӕты — йӕ бӕхӕфсадыл, аннӕтӕ та уыдзысты паддзахы барджытӕ ӕмӕ йӕ уӕрдоны разӕй уайдзысты.