Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




2 Паддзахӕдтӕ 14:1 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 Церуайы фырт Йоав бафиппайдта, паддзахы зӕрдӕ Авессаломмӕ кӕй фӕфӕлмӕн ис, уый.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




2 Паддзахӕдтӕ 14:1
8 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

уӕд паддзах Давид нал хъынцъым кодта Амноны мардыл, йӕ маст ӕрсабыр ис ӕмӕ йӕм Авессаломы бафхӕрыны фӕнд нал уыд.


Текоамӕ арвыста ӕмӕ уырдыгӕй иу зонынджын сылгоймаджы ӕрбахуыдта. Загъта йын: «Дӕхи скӕуӕг кӕн. Дӕ уӕлӕ саутӕ скӕн, дӕхимӕ ма базил, раст цыма, йӕ мардыл рагӕй чи хъыг кӕны, ахӕм сылгоймаг дӕ, уый хуызӕн.


Паддзах ныккӕрзыдта, кулдуары сӕрмӕ цы уат уыди, уырдӕм ссыди ӕмӕ дзынӕзта: «Мӕ фырт Авессалом! Мӕ фырт, мӕ фырт Авессалом! Ехх, уӕд та дӕ бӕсты мӕхӕдӕг куы амардаин, Авессалом! Мӕ фырт, мӕ фырт!»


Ӕмӕ уыцы боны уӕлахизы цин ӕппӕт адӕмӕн дӕр хъарӕгӕй йӕхи раивта, уымӕн ӕмӕ фехъуыстой, паддзах йӕ фыртыл кӕй хъыг кӕны, уый.


Паддзах та адӕмӕн йӕхи дӕр не ’вдыста, дуарӕхгӕдӕй ӕрдиаг кодта: «Мӕ фырт Авессалом! Авессалом, мӕ фырт, мӕ фырт!»


Хӕцӕны уыдысты Церуайы ӕртӕ фырты дӕр: Йоав, Авишай ӕмӕ Асаел. Сычъийау рӕувад уыди Асаел.


Уыди сын дыууӕ хойы: Церуа ӕмӕ Авигеа. Церуайӕн уыд ӕртӕ фырты: Авишай, Йоав ӕмӕ Асаел.


Бирӕтӕ бӕллынц бӕстӕйы хицауы хорз зӕрдӕйы ахастмӕ, фӕлӕ адӕймагӕн Дунедарӕг у тӕрхонгӕнӕг.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ