7 Давид Тамармӕ йӕ хӕдзармӕ барвыста, цӕмӕй йын зӕгъой: «Де ’фсымӕр Амнонмӕ бауай ӕмӕ йын хӕринаг скӕн».
Амнон йӕ сынтӕджы ӕрхуыссыди ӕмӕ йӕхи рынчынӕфсон скодта. Паддзах ӕм бӕрӕггӕнӕг куы ӕрбацыд, уӕд ын Амнон загъта: «Ӕрбарвит-ма мӕм мӕ хойы, Тамары, ӕмӕ мын ам мӕ цуры иу дыууӕ лауасийы афыцӕд, ӕмӕ йын йӕхи къухӕй саходон».
Тамар бацыди йе ’фсымӕр Амноны хӕдзармӕ ӕмӕ йӕ сынтӕджы хуысгӕйӕ баййӕфта. Тамар ын йӕ цӕсты раз хыссӕ скодта ӕмӕ йын дзы гуылтӕ афыхта.
Давид йӕ сахары йӕхицӕн саразын кодта хӕдзӕрттӕ, Хуыцауы Фидыды Чырынӕн равзӕрста бынат ӕмӕ йын ныссагъта цатыр.