Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




2 Паддзахӕдтӕ 13:4 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

4 Иу хатт Амнонӕн афтӕ: «Цы кӕныс, паддзахы фырт, бонӕй-бонмӕ куы тайыс? Нӕ мын ӕй схъӕр кӕндзынӕ?» Амнон ын дзуапп радта: «Ме ’фсымӕр Авессаломы хо Тамары бауарзтон».

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




2 Паддзахӕдтӕ 13:4
11 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Амнонӕн уыд иу хӕлар, йӕ ном — Йехонадав, Давиды ӕфсымӕр Шимайы фырт, тынг хинӕйдзаг ӕмӕ ӕрхъуыдыджын лӕг.


Йехонадав ын загъта: «Дӕ сынтӕджы ӕрхуысс ӕмӕ рынчынӕфсон скӕн. Дӕ фыд дӕм бӕрӕггӕнӕг куы ӕрбацӕуа, уӕд-иу ын зӕгъ: „Мӕ хо Тамар мӕм ӕрбацӕуӕд ӕмӕ мӕм фӕкӕсӕд — мӕ разы мын хӕринаг скӕнӕд ӕмӕ мын йӕхи къухӕй бахӕрын кӕнӕд“».


Йӕ ус Иезавел ӕм бацыд ӕмӕ йӕ бафарста: «Цы кӕныс? Цӕуылнӕ исты бахӕрыс?»


Иезавел ын зӕгъы: «Израилы паддзах ды нӕ дӕ, ӕви? Сыст, бахӕр ӕмӕ мацӕуыл тыхс. Изреелаг Навоты сӕндон дын ӕз дӕ къухы бакӕндзынӕн».


Комдзог сыл цӕуы суанг сӕ цӕсгом дӕр; содомӕгтау сӕ тӕригъӕдтӕй ӕппӕлынц, нӕ сӕ сусӕг кӕнынц. Додойаг кӕндзӕни сӕ къона, уымӕн ӕмӕ сӕхӕдӕг сӕхи фыдбылызы ӕппарынц.


Ӕмӕ се ’лгъаг миты фӕстӕ ӕфсӕрмы фӕкӕнынц, мыййаг? Нӕ, ӕфсӕрмы кӕнын сӕ хъуыдыйы дӕр нӕй, къӕмдзӕстыгдзинад цы у, уый зонгӕ дӕр нӕ кӕнынц. Уый тыххӕй дзыхъмард фӕуыдзысты, Мӕ азары бон афӕлдӕхдзысты зӕххыл, — зӕгъы Дунедарӕг.


Ма ӕрӕмуат у дӕ хоимӕ, фыд кӕнӕ мадӕй иу кӕимӕ стут, уыимӕ — иу хӕдзары райгуырдыстут ӕви нӕ, уый уӕлдай нӕу. Ма ӕрӕмуат у йемӕ.


Исчи йӕ хойы куы ракура, иу фыд кӕнӕ иу мадӕй гуырд кӕимӕ у, ахӕмы ӕмӕ йемӕ куы ӕрӕмуат уа, уӕд уый стыр худинаг у, ӕмӕ сӕ дыууӕ дӕр мард ӕрцӕуӕнт адӕмы раз ӕмӕ сӕ адӕмӕй фӕхъӕуӕнт. Йӕ хоимӕ ӕмуат кӕй ӕрцыд, уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ ӕфхӕрд баййафа.


Ӕрмӕст фыдбылызтӕ аразынмӕ сты дӕсны: барджын агуры лӕвӕрттӕ, тӕрхоны лӕг — гӕртӕмттӕ; бӕстӕйы хицау, цы йӕ бахъӕуы, уый ӕрдомы, иууылдӕр кӕрӕдзиимӕ сты ныхасгонд.


Ма тӕрс, чысыл дзуг! Уӕ Фыды бафӕндыд сымахӕн Паддзахад раттын.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ