Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




2 Паддзахӕдтӕ 13:3 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

3 Амнонӕн уыд иу хӕлар, йӕ ном — Йехонадав, Давиды ӕфсымӕр Шимайы фырт, тынг хинӕйдзаг ӕмӕ ӕрхъуыдыджын лӕг.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




2 Паддзахӕдтӕ 13:3
21 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Дунедарӕг Хуыцау кӕй рафӕлдыста, уыцы зӕххон цӕрӕгойты ’хсӕн калмӕй хиндӕр ӕмӕ кӕлӕндӕр нӕ уыд. Ӕмӕ уый сылгоймаджы бафарста: «Ӕцӕг уын загъта Хуыцау, дыргъдоны цы бӕлӕстӕ ис, уыдонӕй макӕцыйы дыргътӕй фӕхъӕстӕ ут, зӕгъгӕ?»


Уыцы рӕстӕг Иудӕ йе ’фсымӕртӕй байуӕрста, ацыд ӕмӕ ӕрцард адулламаг Хирайы цур.


Уыцы сылгоймагӕй цъынды фӕстӕмӕ райсыны тыххӕй йын Иудӕ йӕ адулламаг хӕларимӕ арвыста сӕныкк, фӕлӕ йӕ уый не ссардта.


Цыма рынчын у, афтӕ удхар кодта Амнон йӕ хо Тамары уарзондзинады азарӕй, уымӕн ӕмӕ уый нырма ӕнӕцыд чызг уыди, ӕмӕ йӕм куыдӕй баххӕссыдаид, уымӕн ницы амал ардта.


Фӕлӕ Давиды ӕфсымӕр Шимайы фырт Йехонадав загъта: «Мӕ паддзах афтӕ ма банхъӕлӕд, ӕмӕ йын йе ’ппӕт фыртты амардӕуыд. Ӕрмӕстдӕр Амнон амард. Авессаломмӕ йӕ амарыны фӕнд, йӕ хо Тамары йын куы фӕхудинаг кодта, уӕд фӕзынди.


Иу хатт Амнонӕн афтӕ: «Цы кӕныс, паддзахы фырт, бонӕй-бонмӕ куы тайыс? Нӕ мын ӕй схъӕр кӕндзынӕ?» Амнон ын дзуапп радта: «Ме ’фсымӕр Авессаломы хо Тамары бауарзтон».


Текоамӕ арвыста ӕмӕ уырдыгӕй иу зонынджын сылгоймаджы ӕрбахуыдта. Загъта йын: «Дӕхи скӕуӕг кӕн. Дӕ уӕлӕ саутӕ скӕн, дӕхимӕ ма базил, раст цыма, йӕ мардыл рагӕй чи хъыг кӕны, ахӕм сылгоймаг дӕ, уый хуызӕн.


фидистӕ кодта израилӕгтӕн, ӕмӕ йӕ Йонатан, Давиды ӕфсымӕр Шимайы фырт, амардта.


Йессейӕн йӕ хистӕр фырт — Елиав, уый кӕстӕр — Авинадав, ӕртыккаг — Шима,


Давиды фыды ’фсымӕр Йонатан уыди уынаффӕйы лӕг, зондджын ӕмӕ ахуыргонд; Хахмонийы фырт Йехиел уыди паддзахы фыртты хъомылгӕнӕг;


Йӕ ус Зереш ӕмӕ йын йӕ хӕлӕрттӕ бауынаффӕ кодтой: «Фӕндзай ӕлмӕрины бӕрзӕндӕн цӕджындз ныссадзын кӕн ӕмӕ райсом паддзахӕн зӕгъ, цӕмӕй Мардохейы уыцы цӕджындзыл ӕрцауындзой. Ды та зӕрдӕхъӕлдзӕгӕй паддзахимӕ хуындмӕ ацӕудзынӕ». Аманмӕ хорз фӕкасти уыцы хъуыды, ӕмӕ цӕджындз ныссадзын кодта.


Аман йӕ бинойнаг Зереш ӕмӕ йӕ хӕлӕрттӕн куы радзырдта йӕ хабӕрттӕ, уӕд ын уынаффӕ чи бакодта, уыдон дӕр ӕмӕ йӕ ус Зереш дӕр загътой: «Кӕд ӕмӕ, дӕлдӕр кӕнын цы Мардохейы аххосӕй райдыдтай, уый иудейаг у, уӕд ын дӕ бон ницы бауыдзӕн, тынг ныллӕг ӕрхаудзынӕ йӕ разы».


Стыр хицӕутты раз козбау митӕ бирӕтӕ фӕкӕнынц, лӕвӕрттӕ чи кӕны, уымӕн алчидӕр йе ’рдхорд у.


«Ӕнӕзонд сты Мӕ адӕм — нӕ Мӕ зонынц; ӕдылы сабитау сӕ сӕры зонд нӕй. Фыдбылыз саразынмӕ — зондджын, хӕрзиуӕг ракӕнынмӕ та нӕ арӕхсынц».


Уымӕн ӕмӕ ацы дунейы зонд Хуыцауы цӕсты ӕнӕзонддзинад у, Сыгъдӕг Фыст куыд зӕгъы, афтӕ: «Зондджынтӕн сӕ хинтӕ сӕхи ныхмӕ фӕкӕны».


Уый нӕу уӕларвӕй ӕрцӕугӕ зонд, фӕлӕ у зӕххон, тӕригъӕдджын ӕрдзыхъӕдӕй рацӕугӕ, хӕйрӕджы лӕвӕрд.


Самсоны усы та йӕ сиахсӕмбӕлттӕй иуӕн радтой.


Самуел Йессейы бафарста: «Адон де ’ппӕт цот сты?» Йессей дзуапп радта: «Баззад ма кӕстӕр. Ныртӕккӕ фыстӕ хизы». Самуел ын бафӕдзӕхста: «Арвит ӕм. Цалынмӕ уый ӕрбацӕуа, уӕдмӕ фынгыл не ’рбаддзыстӕм».


Уӕд ын Йессей йӕ рӕзты рацӕуын кодта Шаммайы, фӕлӕ та Самуел загъта: «Дунедарӕг уый дӕр нӕ равзӕрста».


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ